ЦХИНВАЛ, 10 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Венесуэла нывӕндынц бафыссын разыдзинад фарсыты ӕхсӕн визӕйон формалондзинӕдтӕ айсыны фӕдыл. Документ хъуамӕ бафыст ӕрцӕуа 30 боны ӕмгъуыдмӕ, хъусын кӕны хуссарирыстойнаг ФХМ-ы пресс-службӕ.
Каракасы уагъд цӕуынц президент Уго Чавесы амӕлӕты боныл цыппар азы сӕххӕстӕн нывонд зӕрдылдарӕн мадзӕлттӕ. Хайад сӕ исынц Хуссар Ирыстоны дипломатон уагдоны минӕвӕрттӕ дӕр.
"Визиты фӕлгӕтты дыууӕ бӕстӕты ФХМ-ты минӕвӕртты ӕхсӕн уагъд ӕрцыдысты дыууӕварсон консультацитӕ. Фембӕлды фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕдивӕг Коцты Алан ӕмӕ Европӕйы фарстыты фӕдыл Венесуэлайы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕдивӕг Иван Хиль бафыстой протокол, цы ран бафидар кодтой хӕларадон бастдзинӕдтӕ ӕмӕ ӕмгуыстады райрӕзты ӕнӕмӕнгхъӕуӕгдзинад ахӕм къабазты, куыд культурӕ, ахуырад, экологи ӕмӕ туризм", — банысан кодтой ФХМ-ы пресс-службӕйы.
Фарсытӕ ма равдыстой разыдзинад 30 боны ӕмгъуыдмӕ бафыссын бадзырд дыууӕ бӕстӕты ӕхсӕн визӕйон формалондзинӕдтӕ ацух кӕныныл.
Венесуэла банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад 2009 азы сентябры, Уӕрӕсе ӕмӕ Никарагуайы фӕстӕ.