Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ банкъардтой зӕххӕнкъуыст, йӕ тых уыд 5,1 баллы

© Sputnik / Олег Икаевп.Дзау
п.Дзау - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
РХИ УУМ-ы зонӕнтӕм гӕсгӕ, зӕххӕкӕнкъуысты фӕстиуӕгӕн зиан никӕмӕн ӕмӕ ницӕмӕн ӕрхастӕуыд.

ЦХИНВАЛ, 13 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ банкъардтой дӕлзӕхх риуыгъдтытӕ къуырисӕры райсом, 5:25 сахатыл. Зӕххӕнкъуысты магнитудӕ уыд 5, 1 баллы.

РХИ УУМ-ы радгӕсон хайады фехъусын кодтой, кӕй ницы зиан ӕрхастӕуыд республикӕйӕн.

"Дӕлзӕхх риуыгъдтытӕ банкъардтой Хуссар Ирыстоны столицӕ Цхинвал, афтӕ ма горӕт Къуайсайы цӕрджытӕ. Цӕгат Ирыстоны коллегӕтӕй райсгӕ зонӕнтӕм гӕсгӕ, зӕххӕнкъуысты магнитудӕ уыд 5, 1 баллы. Йӕ эпицентр уыд горӕт Къуайса ӕмӕ райцентр Дзауы ӕхсӕн, республикӕйӕн ницы зиан ӕрхастӕуыд", — банысан кодтой УУМ-ы.

Уым банысан кодтой, ӕнкъуыстытӕ кӕй ӕрцыдысты 40 км арфӕн, уымӕ гӕсгӕ сӕ афтӕ тынг нӕ банкъардтой цӕрджытӕ.

Хуссар Ирыстон ис ӕвӕрд сейсмикон ӕгъдауӕй активон регионы. Хуссар Ирыстоны иууыл тыхджындӕр зӕххӕнкъуыст ӕрцыд 1991 азы 29 апрелы. Уӕд ныппырх сты райцентр Дзау ӕмӕ республикӕйы бирӕ хъӕутӕ. 2009 азы зӕххӕнкъуысты рӕстӕджы ныппырх Къуайсайы иу хай.

Ног хабӕртты лентӕ
0