Уӕрӕсейы кад "Евровидение-2017"-ы хъахъхъӕндзӕн Юлия Самойлова

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæЦеремония открытия XI зимних Паралимпийских игр
Церемония открытия XI зимних Паралимпийских игр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Самойлова ацӕудзӕн конкурсмӕ, кӕцы ацы аз уагъд цӕуы Украинӕйы, композицимӕ "Flame Is Burning" англисаг ӕвзагыл.

ЦХИНВАЛ, 13 мар — Sputnik. Зарӕггӕнӕг Юлия Самойлова хъахъхъӕндзӕн Уӕрӕсейы кад ӕхсӕнадӕмон музыкалон конкурс "Евровидение — 2017"-ы, кӕцы ацы аз уагъд цӕуы Украинӕйы, хъусын кӕны РИА Новости.

Арина Габараева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik бакодта хъӕлӕскӕнынад "Ты супер!"-ы хайадисӕг Гӕбӕраты Аринайӕн

Фыццаг канал равдыста зарӕг, кӕцыимӕ Самойлова ацӕудзӕн конкурсмӕ. Зарӕггӕнӕг сӕххӕст кӕндзӕн композици"Flame Is Burning" англисаг ӕвзагыл.

Чызг райгуырд 1989 азы республикӕ Комийы. Уый арӕх иста хайад алыгъуызон конкурсты, 2013 азы ссис Алла Пугачевайы проект "Фактор "А"-йы ӕртыккаг сезоны финалисткӕ. 2014 азы Самойлова иста хайад зымӕгон Паралимпиаг хъӕзтыты ӕрбайгомы цытджын церемонийы.

Самойловайӕн чысылӕй фӕстӕмӕ ис сахъатдзинады фыццаг къорд, цӕуы инвалидон къаласкӕйыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0