Чи ӕрхъавыд зӕронд ӕвӕгӕсӕг сылгоймаджы бынтӕм?

© Sputnik / Наталья АйриянЗæронд иунӕг ус Мешвилдишвили Мария
Зæронд иунӕг ус Мешвилдишвили Мария - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
84-аздзыд сылгоймаг иунӕгӕй цӕргӕйӕ баззад 8-æм июны уынджы 57 хæдзары - йе ‘мкъай æмæ йӕ фырт амардысты, чызджытæ цæрынц Гуырдзыстоны. Зӕронд усмӕ фӕкӕсӕг, йӕ бынтӕ кӕмӕн ныууадза, уый нӕй базонгӕйӕ, горӕттӕгтӕй чидӕртӕ ӕрхъавыдысты уыдон сӕхи бакӕнын.

ЦХИНВАЛ, 14 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы тæккæ центры зæххы фадыг йӕ хицау — зæронд иунӕг ус Мешвилдишвили Марияйæн ссис йæ фыдбылыз. Сылгоймагӕн йæ удæгасæй йӕ бынтæ дих кæнын райдыдтой ӕцӕгӕлон адӕм.

Марияйӕн кӕд йӕ хъæдын кæлæддзаг хӕдзар цӕрынӕн нӕ бӕззы, ис ӕдзӕллаг уавӕры, уæд йæ зæххы фадыг та у цыбæлаг хай. Горæты центры бирæтæ бӕллынц дуканитæ кӕнӕ æндæр лæггæдты сферæйы амалиуæгадтæ бакæнынмæ. Уыдон саразынæн фаг зæхх та горæты арæнты лæууы 400 мин сомæй дыууæ милуаны онг. Уымӕ гӕсгӕ, Марияйы зӕхмӕ дӕр фӕзынд бирӕ хъавджытӕ.

84-аздзыд сылгоймаг иунӕгӕй цӕргӕйӕ баззад 8-æм июны уынджы 57 хæдзары — йе ‘мкъай æмæ йӕ фырт амардысты, чызджытæ цæрынц Гуырдзыстоны. Зӕронд усмӕ фӕкӕсӕг, йӕ бынтӕ кӕмӕн ныууадза, уый нӕй базонгӕйӕ, горӕттӕгтӕй чидӕртӕ ӕрхъавыдысты уыдон сӕхи бакӕнын.

© Sputnik / Плиты ФатимаМешвилдишвили Марияйы хӕдзар
Мешвилдишвили Марияйы хӕдзар  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мешвилдишвили Марияйы хӕдзар

Апарахт сты алыгъуызон дам-думтæ. Иутæ дзырдтой, зæхх сæхи хсæн дих кæнынц кæцыдæр тыхон структурæтæ, аннæтæ нымадтой, сылгоймаг æмæ йæ бынтæн йæхи кæй схицау кодта цавӕрдӕр дызӕрдыггаг æцæгæлон ус, æртыккæгтæ уырнын кодтой, уый кӕй мæлы æнæхицауæй.

Sputnik уацхӕссӕг бафӕлвӕрдта ацы хабар равзарын ӕмӕ сбӕлвырд кӕнын ацӕргӕ сылгоймаджы ӕцӕг уавӕр. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй Мешвилдишвили Марияйы исад фыст ӕрцыд Цхинвалы цӕрӕг Накашидзе Михаилыл, кӕцы сылгоймагӕн бынтондӕр ницы бавӕййы.

Мария йӕ кармӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ йæ хъуыдытæ æмбарын кæны бӕстонӕй, кæм иронау, кæм гуырдзиагау дзургæйæ. Радзырдта, фæстаг рæстæджыты йæм кӕй каст йе ‘мбал Махъуала. Уый сайдӕй сфидар кодта йæ хæстæг лæг Накашидзе Михаилыл зӕронд усы хæдзар.

"Ӕз мæ хæдзар никæмæн дæттын, сайдæй мыл рацыдысты. Цыдæр документтæ сфидар кодтой. Фæлæ сын æз æмбаргæ дæр ницы бакодтон", — загъта Мария.

Марияйы сыхӕгтӕ фӕфæдис кодтой сылгоймаджы мæгуырау уавæры тыххæй йӕ дард хӕстӕг Хъæцмæзты Светамӕ. Ныртӕккӕ уый зӕронд усы рӕстӕгмӕ йӕхимӕ ракодта.

"Сыхæгтæ йæ зонынц, махæй дарддæр ын хæстæг Хуссар Иры нал баззадис æмæ-иу нæм дзырдтой. Марияйы уыцы Махъуала фӕтæрсын кодта, фӕдзырдта йын, зӕгъгӕ, мах ын хъавæм йӕ бынтæм, байсдзыстӕм ын сӕ, йӕхи та йын ратдзыстæм мæгуырты хæдзармæ. Ӕмæ ныл нал æууæндыд. Мæн та йæ бынтæй иу мисхалы бæрц дæр ницы хъæуы. Мæнæ йæм кæсæм, цæмæй фæфидар уа æмæ йæ йæ зæнæгмæ арвитæм", — дзуры Света.

© Sputnik / Наталья АйриянМария ӕмӕ йӕ хӕстӕг Хъæцмæзты Света
Мария ӕмӕ йӕ хӕстӕг Хъæцмæзты Света - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мария ӕмӕ йӕ хӕстӕг Хъæцмæзты Света

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, зæронд усы ракодтой тынг мӕгуырау уавӕры, бынтон ныллӕмӕгъ ис, уыд цух дон æмæ хæрдæй дæр.

"Цыдæр фынæйы хостæ дам мын дардтой, хӕрын та йын кодтой ӕнӕбары цыдӕртӕ — тагъдаразгæ пюретæ. Ныридæгæн ын дохтыр цы хостæ рафыста, уыдон ын дарæм æмæ йæ уавæр зынгæ фæхуыздæр ис, цух нæу хæрдæй дæр", — загъта Света.

Марияйы хæстæджыты æмæ сыхæгты куырдиӕттæм гæсгæ цауы фӕдыл Цхинвалы прокуратурæйы конд æрцыд уголовон хъуыддаг.

"Сайдæй рацæуын, науæд та æууæнкæй хæрамиуæг кæныны фæрцы искæй исады бартæ райсын бафæлварыны факты фæдыл конд æрцыд уголовон хъуыддаг Цхинвалы цӕрӕджы ныхмæ, кӕцыйыл арæзт æрцыд уæсиат. Мах бæрæг кæнæм, куыд фидар æрцыд сылоймаджы исад ацы лæгыл. Сгарджытæ нæ иуварс кæнынц æндæр верситæ дæр. Фыццаг рады мах архайæм, цæмæй Мешвилдишвили Марияйы конституцион бартæ хæлд ма ӕрцæуой", — радзырдта Sputnik горæты прокурор Дзабиты Артур.

Мария та йӕхи рады банысан кодта, зӕгъгӕ, куы фӕсӕрӕндӕр уа, уӕд фӕнд кӕны йæ хæдзар ауæй кæнын æмæ йæ зæнæгмæ Гуырдзыстонмӕ ацӕуын. Фæлæ цалынмæ сгарæн куыстытæ балхынцъ уой, уæдмæ йын республикӕйӕ ацӕуӕн нæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0