Тыбылты Леонид ӕмӕ Владимир Путин фембӕлдзысты Мӕскуыйы 21 марты

© Sputnik / Михаил Климентьев /  Ахизын медиабанкмæВ.Путин встретился с Л. Тибиловым, архивное фото
В.Путин встретился с Л. Тибиловым, архивное фото - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны президентты администрацитӕ ӕрӕмдзых кодтой темӕтӕ ӕмӕ фарстытӕ, кӕцытыл цӕудзӕн дзырд фембӕлды рӕстӕджы.

ЦХИНВАЛ, 14 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы президенттӕ Тыбылты Леонид ӕмӕ Владимир Путинӕн уыдзӕн фембӕлд Мӕскуыйы 21 марты, фехъусын кодта Sputnik УФ-йы президенты ӕххуысгӕнӕг Владислав Сурков.

"Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы президенттӕ Тыбылты Леонид ӕмӕ Владимир Путины фембӕлд уагъд ӕрцӕудзӕн растдӕр иу къуырийы фӕстӕ — 21 марты Мӕскуыйы. Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны президентты администрацитӕ ӕрӕмдзых кодтой темӕтӕ ӕмӕ фарстытӕ, кӕцытыл цӕудзӕн дзырд Тыбылты Леониды визиты рӕстӕджы", — загъта Сурков.

Уый равдыста ныфс, "дыууӕ ӕфсымӕрон бӕстӕты президентты фембӕлд, куыд алыхатдӕр, афтӕ ныр дӕр кӕй ацӕудзӕн ӕууӕнчы ӕмӕ хӕларадон уавӕры".

Президент РФ Владимир Путин и президент Южной Осетии Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
УФ ӕмӕ РХИ президенттӕ ӕрдзурдзысты ӕфсӕддон бадзырд ӕмӕ мыздтӕ фӕфылдӕр кӕныныл

Sputnik уацхӕссӕджы фарстӕн, зӕгъгӕ, куыд аргъ кӕны Владислав Сурков Хуссар Ирыстоны ӕвзӕрстагъоммӕ кампанийӕн, Уӕрӕсейы президенты ӕххуысгӕнӕг загъта, ӕвзӕрстытӕ кӕй ацӕудзысты ӕнтыстджынӕй.

"Ӕвзӕрстагъоммӕ кампани Хуссар Ирыстоны уагъд цӕуы ацы бӕстӕйы закӕттӕм гӕсгӕ. Законы иувӕрсты ацӕуын ӕмӕ уавӕр фӕкарздӕр кӕныны фӕдыл иуӕй-иу ӕмбӕстӕгты фӕлвӕрдтытӕ сты ӕнӕбындур. Иумӕйагӕй, уавӕр ис паддзахадон структурӕтӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон организациты контролы бын. Ӕнӕдызӕрдыг дӕн, ӕвзӕрстытӕ кӕй ацӕудзысты ӕнтыстджынӕй ӕмӕ ахицӕн уыдзысты иууыл аккагдӕр кандидаты фӕуӕлахизӕй", — банысан кодта Сурков.

Ног хабӕртты лентӕ
0