ЦХИНВАЛ, 16 мар — Sputnik. Цæгат Ирыстоны хицауад æмæ компани "Фармимекс" фæнд кæнынц ног цымыдисаг проект — плазмоцентр саразын Дзæуджыхъæуы, хъусын кæны ПТРК "Алания".
Плазмоцентр уыдзæн республикæйы тугдæттæн станцæйы филиал. Кусдзæн дзы лабораторон блок дæр.
"Плазмæ æрвитдзысты, тугæй препараттæ кæм кæнынц, уыцы заводмæ. Плазмоцентры уал кусдзæн 30 адæймаджы. Фæстæдæр та — 60. Ӕввахс рæстæджы сбæлвырд кæндзысты сæрмагонд къамис. Хаст æм æрцæудзысты федералон æмæ республикон структурæты минæвæрттæ, стæй медицинон кусджытæ", — дзырдæуы хъусинаджы.
Рагагъоммæйы нымадмæ гæсгæ, инвестициты бæрц уыдзæн 250-400 милуан сомы онг.
Ацы фæнд сæххæст кæныныл ныхас цыд цæгатирыстойнаг премьер Тускъаты Таймураз, æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Михаил Ратманов, компани "Фармимэкс"-ы президент Александр Апазов æмæ вице-президент Инга Нижарадзе фембæлды.