Бибылты Анатолий ӕрсидт кандидаттӕм ма дих кӕнын адӕмы "хиуӕттӕ" ӕмӕ "искӕйонтыл"

© Sputnik / Наталья АйриянМитинг сторонников Анатолия Бибилова в Цхинвале
Митинг сторонников Анатолия Бибилова в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президенты бынатмӕ кандидат ӕрсидт Цхинвалы цӕрджытӕм ӕвзӕрстытӕ ауадзын сабыр уавӕры ӕмӕ мауал ӕруадзын 2011 азы цауты фӕлхатт

ЦХИНВАЛ, 17 мар — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны президенты бынатмӕ кандидат Бибылты Анатолий митинджы рӕстӕджы Цхинвалы ӕрсидт, цӕмӕй адӕм дих ма цӕуой фарсхӕцджытӕ ӕм ныхмӕлӕуджытыл.

Бибылты Анатолийы раразмӕгӕнӕг парти "Иугонд Ирыстоны" ӕвзӕрстагъоммӕ штабы цур митингмӕ ӕрбамбырд сты йӕ фарсхӕцджытӕй 400-мӕ ӕввахс. Адам транспаранттӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны тырысатимӕ хъӕр кодтой кандидаты ном.

"Ӕвзӕрстыты агъоммӕ нӕ хъӕуы дих кӕнын адӕмы "Тыбылты Леонид, Тедеты Джабо, Кокойты Эдуард ӕмӕ Бибылты Анатоийы адӕмтыл". Ахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕ дих кӕнынц адӕмы. Нӕ хъӕуы хъусын кандидаттыл цъыфкалӕн ныхӕстӕм. Ӕрмӕстдӕр факттӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ кусынц кандидатты репутацийыл. Мах иууылдӕр ам цӕрӕм, хӕцыдыстӕм нӕ республикӕйы сӕрыл ӕмӕ аразӕм нӕ фидӕн ам, уымӕ гӕсгӕ нӕй бамбӕхсӕн, чи уыд ам ӕмӕ чи цы сарӕзта адӕмӕн", — загъта Бибылты Анатолий.

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолийы фарсхӕцджыты митинг Цхинвалы
Бибылты Анатолийы  фарсхӕцджыты митинг Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/5
Бибылты Анатолийы фарсхӕцджыты митинг Цхинвалы
© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолийы фарсхӕцджыты митинг Цхинвалы
Бибылты Анатолийы  фарсхӕцджыты митинг Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/5
Бибылты Анатолийы фарсхӕцджыты митинг Цхинвалы
© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолийы фарсхӕцджыты митинг Цхинвалы
Бибылты Анатолийы  фарсхӕцджыты митинг Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/5
Бибылты Анатолийы фарсхӕцджыты митинг Цхинвалы
© Sputnik . Руслан ТадтаевБибылты Анатолийы фарсхӕцджыты митинг Цхинвалы
Бибылты Анатолийы  фарсхӕцджыты митинг Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/5
Бибылты Анатолийы фарсхӕцджыты митинг Цхинвалы
© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолийы фарсхӕцджыты митинг Цхинвалы
Бибылты Анатолийы  фарсхӕцджыты митинг Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/5
Бибылты Анатолийы фарсхӕцджыты митинг Цхинвалы
1/5
Бибылты Анатолийы фарсхӕцджыты митинг Цхинвалы
2/5
Бибылты Анатолийы фарсхӕцджыты митинг Цхинвалы
3/5
Бибылты Анатолийы фарсхӕцджыты митинг Цхинвалы
4/5
Бибылты Анатолийы фарсхӕцджыты митинг Цхинвалы
5/5
Бибылты Анатолийы фарсхӕцджыты митинг Цхинвалы

Йӕ раныхасы уый сарӕзта акцент ууыл ӕмӕ "ӕрмӕстдӕр закӕтты хъахъхъӕнынад кӕй ӕркӕндзӕн республикӕ стабилон фидӕнмӕ, бӕллӕхты къуыбылой та рӕзы закӕттӕ халыны фӕстиуӕгӕн".

"Кӕд ӕмӕ ис ЦӔК-ы скъуыддзаг, уӕд уый хъуамӕ алчидӕр райса, кӕд ис тӕрхондоны скъуыддзаг, уӕд ын хъуамӕ тых уа. Мах хъуамӕ ӕмбарӕм, кӕй нӕ хъӕуы ӕруадзын 2011 азы цауты фӕлхатт. Ӕгъгъӕд у кӕрӕдзиуыл цъыф калын. Кӕрӕдзимӕ нӕ цӕсгӕмттӕ разилӕм", — загъта уый.

Кӕронбӕттӕны Бибылты Анатолий радта дзырд йӕ фарсхӕцджытӕн дарддӕр дӕр кусын йӕ адӕмы хӕрзиуӕгӕн.

"Хицауад хъуамӕ куса адӕмы проблемӕтӕм гӕсгӕ. Ивгъуыд аз ӕз мӕхимӕ райстон не 'мбӕстӕгтӕй 2,5 минӕй фылдӕр. Мӕ кабинеты дуарыл нӕй ӕмбӕстӕгты райсыны ранывӕзт. Ӕз кӕдфӕндыдӕр цӕттӕ дӕн уыдонмӕ байхъусын ӕмӕ сын баххуыс кӕнын. Ӕнӕдызӕрдыг дӕн, рӕстаг фӕндаг равзаргӕйӕ, закӕттӕ хъахъхъӕнгӕйӕ, махӕн нӕ къухты кӕй бафтдзӕн рӕстдзинад ӕмӕ рухс фидӕн", — балхынцъ кодта президенты бынатмӕ кандидат.

Ног хабӕртты лентӕ
0