ЦХИНВАЛ, 17 мар — Sputnik, Босыкты Наталья. Кубæйаг æмæ Хуссарирыстойнаг нывгæнджыты иу кæны темперамент, кæцы æвдыст у сæ куыстыты, загъта гаванæйаг нывгæнæг Омар Годинес йæ равдысты æрбайгомы рæстæджы Цхинвалы.
Нывгæнæджы куыстыты персоналон равдыст æрбайгом майрæмбоны Хуссар Ирыстоны столицæйы, мадзалмæ æрбамбырд 300 сæдæ адæймаджы.
"Мæнæн бантыст Мæскуыйы равдыстмæ бацæуын, цы ран уыдысты ирон нывгæнæг-абстракционист Козаты Ушангы куыстытæ. Диссаджы дæсны. Кæцыдæр куыстыты æмæ нæ адæмы ис банкъарын темперамент, цæй мидæг нæ адæмтæ сты æввахс", — загъта Годинес.
Нывгæнæг æрцыд Хуссар Ирыстонмæ фыццаг хатт æмæ бахаудта дисы "æрдзы рæсугъддзинæдтæ æмæ хæларзæрдæ адæмæй".
Годинесы коллегæтæ, политиктæ, æхсæнадон архайджытæ æмæ аивады табугæнджытæ стыр цымыдисимæ уыдтой нывгæнæджы куыстытæ, цы ран ирдæй æвдыст у кубæйаг темперамент: хуссайраг дыргътæ, хурсыгъд сылгоймæгтæ æмæ гитарæ.
"Кубæимæ рæсугъд фембæлды тыххæй" мадзалы организатортæн бузныг загъта ФХМ-ы сæргълæууæг Джиоты Мурæт. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, Годинесы куыстыты фæрцы хи банкъарæн ис Кубæйы хайæ. Кубæимæ хæларадон ахастытæн ахъаз у ирон командир Плиты Иссæйы æнæфескъуыйгæ бастдзинад.
Равдыстмæ æрбацыд бæстæйы сæргълæууæг Тыбылты Леонид. Уый банысан кодта, кубæйаг революцийы лидер Фидель Кастройы егъау роль историйы, цæй хъæппæристыл хъомыл кодтой бирæ бæстæты фæлтæртæ. Президент равдыста ныфс Хуссар Ирыстон æмæ Кубæйы адæмты æмгуыстад æмæ хæлардзинад сфидар кæныны фæдыл.
"Кæд географион æгъдауæй Хуссар Ирыстон æмæ Кубæ дард сты, уæддæр махæн сты æввхс адæм. Абоны равдыст у — фæндаджы райдиан. Кæцыйæн ис æмæ хъуамæ уа райрæзт. Ахæм мадзæлттæ ахъаз сты нæ адæмы феввахсæн", — загъта президент.
Нывгæнæг йæхæдæг у æнæдызæрдыг, иу æмæ дыууæ хатты кæй не ′рцæудзæн Хуссар Ирмæ йæ равдысттимæ.
Мадзал уагъд æрцыд Ӕхсæнадæмон аивæдты фестиваль "Взаимопроникновение"-йы фæлгæтты. Равдысты организатор у культурæйы министрад Уæрæсейы уӕвӕг Хуссар Ирыстоны минæварады æмархайдæй.