ЦХИНВАЛ, 20 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæлдæр тæрхондон нæ ауадзæн ног рабадт Кокойты Эдуарды домæны тыххæй, тæрхондоны скъуыддзаджы фæдыл ревизи уагъд не ′рцæудзæн, загъта РХИ президенты администрацийы къухдариуæггæнæг Тъехты Алан.
Хуссар Ирыстоны экс-президент Кокойты Эдуард йæ фарсхæцджытимæ хуыцаубоны æрбацыд хицауады бæстыхаймæ Цхинвалы. Уыдон домдтой Уæлдæр тæрхондоны скъуыддзаг аивын, кæцы ныууагъта йæ тыхы ЦӔК-ы скъуыддзаг Кокойты Эдуарды кандидатææй срегистрацийы тобæйы фæдыл.
Тъехты Аланы ныхæстæм гæсгæ, республикæйы хицауцады минæвæрттæ дарддæр дæр уадздзысты диалог Кокойты Эдуарды фарсхæцджытимæ.
"Тыбылты Леонид кæдфæндыдæр у цæттæ диалогмæ. Мах æргом стæм уынаффæ кæнын фарстытыл, æрмæстдæр нæ законы ныхмæ чин æ цæуы, уыдоныл", — загъта Тъехты Алан.
Уый фехъусын кодта, президент кæй ис кусæгон балцы Уæрæсейы федерацийы, цы ран 21 марты фембæлдзæн Уæрæсейы президент Владимир Путинимæ.
"Хъыгагæн, уыцы рæстæджы сæхи равдисынц тыхмæ, кæцыты фæнды уавæр фæкарздæр кæнын, ацы ахсдзиаг фембæлд фехалын. Уый фæдыл æз сидын адæммæ, цæмæй закон бахъахъхъæной", — загъта президентон администрацийы сæргълæууæг.
Тъехты Алан банысан кодта, "дыууæ бæстæты сæргълæуджыты фембæлды рæстæджы райст кæй æрцæудзысты хъахъхъæнынад æмæ республикæйы дарддæры райрæзты фæдыл бындурон уынаффæтæ".