Турчы байгом ирон æвзаджы клубы филиал

© Из архива А.Кочиева Открытие клуба осетинского языка в Анкаре
Открытие клуба осетинского языка в Анкаре - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон æвзаджы клубы Анкарайаг филиалы къухдариуæггæнæг ссис æхсæнадон архайæг, "Аланты Ӕппæтдунейон цæдисы" президент Мамсыраты Ирмæ.

ЦХИНВАЛ, 20 мар — Sputnik. Турчы столицæ Анкарайы æрбайгом Ирон клубы минæварад, загъта Sputnik клубы дзæуджыхъæуккаг минæварады къухдариуæггæнæг, актер æмæ æхсæнадон архайæг Коцты Ацæмæз.

Аланты цӕдисы хӕс – Турчы ирон лобби саразын

Проект æрбайгом æртæ азы размæ, ирон æвзаджы клубтæ ныридæгæн кусынц Дзæуджыхъæу, Мæскуы æмæ Санкт-Петербурджы.

"Ныр ис зæгъæн æмæ проект ссис æхсæнадæмон. Архайы цыппар азы æмæ Турк у дыккаг бæстæ, цы ран уый адарддæр кæндзæн йæ куыст. Клубы нысаниуæг у ирон æвзаджы бахъахъхъæнын æмæ парахат кæнын æппæт дунейы", — загъта Коцты Ацæмæз.

Уый ма загъта, анкарайаг клубы сæргъ кæй æрлæууыд æхсæнадон архайæг, "Аланты Ӕппæтдунейон цæдисы" президент Мамсыраты Ирмæ.

"Туркаг ирæттæ стыр цинимæ сæмбæлдысты ацы хъæппæрисыл æмæ нывæндынц иууыл активон хайад ацы проеты реализацийы", — банысан кодта Ацæмæз.

© Из архива А.КочиеваАнкарайы ирон æвзаджы клубы баконд
Анкарайы ирон æвзаджы клубы баконд - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Анкарайы ирон æвзаджы клубы баконд
© Из архива А.КочиеваАнкарайы ирон æвзаджы клубы баконд
Анкарайы ирон æвзаджы клубы баконд - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
Анкарайы ирон æвзаджы клубы баконд
© Из архива А.Кочиева Анкарайы ирон æвзаджы клубы баконд
Анкарайы ирон æвзаджы клубы баконд - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Анкарайы ирон æвзаджы клубы баконд
1/3
Анкарайы ирон æвзаджы клубы баконд
2/3
Анкарайы ирон æвзаджы клубы баконд
3/3
Анкарайы ирон æвзаджы клубы баконд

Коцты Ацæмæзæй дарддæр ма клубы æрбайгоммæ Анкарамæ ныхæццæ ирон æвзаджы клубы бындурæвæрæг, амалиуæггæнæг, блогер æмæ æхсæнадон архайæг Дзотты Чермен.

Ног хабӕртты лентӕ
0