"Айзæлд" хайад райсдзӕн адӕмон оркестрты конкурсы Петербурджы

© Архивное фотоХор и оркестр народных инструментов Аизалд
Хор и оркестр народных инструментов Аизалд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Оркестр уæрæсейаг кæсджытæн ацæгъддзæн кубæйаг æмæ уырыссаг аив зæлтæ, фæлæ сын сæйраг сæ зæрдæ хъуамæ балхæна ирон мелодитæ "хонгæ" æмæ "симдæй".

ЦХИНВАЛ, 21 мар — Sputnik. Хуссарирыстойнаг адæмон инструментты оркестр "Айзæлд" хайад райсдзæн Санкт-Петербурджы VIII æхсæнадæмон фестиваль-конкурс "Территория музыки — без границ"-ы, фехъусын кодта Sputnik Цхинвалы культурӕйы хайады хистæр Хаситы Сослан.

Уæрæсейы цæгаттаг столицæйы адæмон оркестртæ фестивальмæ æрæмбырд вæййынц æрвылаз. Ацы аз фыццаг хатт фестивалы призтыл стох кæндзæн "Айзæлд" дæр.

Хор и оркестр народных инструментов Айзалд - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Айзæлд"-ы концерт Дзæуджыхъæуы филармонийы æрæмбырд кодта йедзаг зал

"Цхинвайлаг коллектив бацæттæ кодта 20 минутон программӕ. Оркестр уæрæсейаг кæсджытæн ацæгъддзæн кубæйаг æмæ уырыссаг аив зæлтæ, фæлæ сын сæйраджыдӕр сæ зæрдæ балхæнынмӕ хъавæм ирон мелодитæ "Хонгæ" æмæ "Симдæй", — загъта Хаситы Сослан.

Уый ма банысан кодта, оркестр 35 адæймаджы скондæй афæндараст уыдзæн йæ балцы 22 марты.

"Ӕнхъæлмæ нæм кæсы дард фæндаг, 30 сахаты автобусыл, фæлæ оркестр райзæрдæйæ цæуы балцы — иуæй фыццаг хатт архайдзысты ахӕм фестивалы, аннæмæй та сын уыдзæн сæрибар рæстæг дæр, цæмæй базонгæ уой Уæрæсейы рагон столицæимæ", — бафтыдта йæ ныхæстæм Сослан.

Цхинвалы администрацийы дӕлбар оркестр "Айзæлд" фестивальмæ цæуы президент, культурæйы министрад æмæ горæты мэрияйы æххуысæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0