ЦХИНВАЛ, 21 мар — Sputnik. Уӕрӕсейы ФХМ-ы официалон минæвар Мария Захарова фехъусын кодта, фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров йæ райгуырæн бон кӕй банысан кодта хæдтæхæджы бортыл Японийæ Мæскуымæ фæндагыл.
Лавровыл 21 марты æххæст кæны 67 азы, 20-21 марты уый уыд Токиойы, цы ран хайад райста Япони æмæ Уæрæсейы мидхъуыддæгты æмæ хъахъхъæнынады министрæдты сæргълæуджыты фембæлды, хъусын кæны РИА Новости.
"Йæ райгуырæн бон Сергей Лавров нысан кæны иттæг хорз компанийы æхсæн уæлдæфы", — ныффыста Захарова йæ аккаунты Facebook-ы.
Захарова ныммыхуыр кодта къам, цы ран уæрæсейаг министр лæууы хæдтæхæджы салоны журналистты æхсæн.