ЦХИНВАЛ, 21 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ФХМ æрсидт республикæйы æвзæрстагъоммæ процесты хайадисджытæм, цæмæй æххæст кæной закондæттынады домæнтæ æмæ бахахх кодта, кæй нæй руадзæн, цæмæй æвзæрстагъоммæ уавæр фæкарздæр уа, дзырдæуы дыццæджы апарахатгонд хъусынгæнинаджы.
Экс-президент Кокойты Эдуарды фарсхæцджытæ хуыцаубоны изæрæй æрæмбырд сты æнæзаконон митингмæ хицауады бæстыхайы цур. Уыдон ногæй домдтой, цæмæй архайгæ президент ацæуа йæ бынатæй, аивд æрцæуой ЦӔК-ы æмæ Уæлдæр тæрхондоны уынаффæтæ.
"Министрады фидар ныфс æвæрынц, Республикæ Хуссар Ирыстоны ахсджиаг политикон мадзæлттæ кæй ацæудзысты сабыр уавæры æмæ æвзæрстон закондæттынады домæнтæм гæсгæ, æвзæрстагъоммæ политикон процессы стабилондзинадæй ифтонгад та суыдзæн æвдисæн, йæ хайадисджытæ кæй сты разы хъахъхъæнын демократийы принциптæ æмæ домæнтæ", — дзырдæуы хъусынгæнинаджы.
Ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ референдум Хуссар Ирыстоны уагъд ӕрцӕудзысты 9 апрелы. ЦӔК президенттæм кандидаттæй срегистраци кодта архайгæ президент Тыбылты Леонид, парламенты спикер Бибылты Анатолий æмæ ПӔК-ы кусæг Гаглойты Аланы.