Хуссар Иры равзардзысты хуыздæр ахуыргæнæджы культурæйы фадыджы

© Sputnik / Наталья АйриянКонцерт ансамбля "Къона"
Концерт ансамбля Къона - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæлахиздзауы ном фæбæрæг уыдзæн апрелы, уый хорзæхджын ӕрцӕудзӕн 2017 азы хуыздæр ахуыргæнæджы номӕй ӕмӕ æхцайы премийӕ

ЦХИНВАЛ, 24 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны культурæйы министрад расидт конкурс "2017 азы хуыздæр ахуыргæнæг", хайад дзы райсдзысты республикӕйы музыкалон æмæ нывгæнæн ахуыргæнæндæтты педагогтӕ, фехъусын кодтой Sputnik пресс-службӕйы.

Экспертон ӕрфарст Цхинвалы рабӕрӕг кодта 2016 азы хуыздæр журналистты нæмттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Экспертон ӕрфарст Цхинвалы рабӕрӕг кодта 2016 азы хуыздæр журналистты

"Мадзал цæудзæн дыууæ этапæй — районон æмæ республикон. Уæлахиздзауы ном фæбæрæг уыдзæн апрелы, уый хорзæхджын ӕрцӕудзӕн 2017 азы хуыздæр ахуыргæнæджы номӕй ӕмӕ æхцайы премийӕ", — загъта министрады пресс-секретарь Остъаты Мӕдинӕ.

Уый ма банысан кодта, конкурсы фæлгæтты йæ архайæг Цхуырбаты Марина майрæмбоны кӕй ратдзæн фыццаг гом урок Дзауы районы.

Культурæйы фадыджы 2017 азы хуыздæр ахуыргæнæг æвзарынц æрвылаз дӕр, йæ нысан у уыдон разæнгард кæнын куыстмæ æмæ педагогы ном æхсæнады фæбæрзонддæр кæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0