Президент: Кокойты Эдуарды архæйдтытæ сты æнæруадзгæ УФ-имæ бæрзонд ахастыты фоныл

© Sputnik / Наталья АйриянЭдуард Кокойты
Эдуард Кокойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕххæстгæнæн хицауады уæнгтæ кусынц Кокойты Эдуардимæ, кæцы хъуамæ бамбара, æнæзаконон архæйдтытæ кæй сты æнæруадзгæ ныр – Хуссар Ирыстон УФ-имæ ахастыты ахæм бæрзонд æмвæзадмæ куы рахазт, уæд, загъта Тыбылты Леонид

ЦХИНВАЛ, 24 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицæуттæ уадзынц бадзырдтæ экс-президент Кокойты Эдуардимæ, цæмæй республикæйы æвзæрстагъоммæ уавæр фæрогдæр уа, фехъусын кодта пресс-конференцийы рæстæджы Цхинвалы президент Тыбылты Леонид.

Эдуард Кокойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры тыхон структурӕтӕ: Кокойты Эдуард карз кӕны уавӕр

Экс-президент Кокойты Эдуарды фарсхæцджытæ 19 марты æрæмбырд сты æнæзаконон митингмæ хицауады бæстыхайы цур. Уыдон ногæй домдтой, цæмæй архайгæ президент ацæуа йæ бынатæй, аивд æрцæуой ЦӔК-ы æмæ Уæлдæр тæрхондоны уынаффæтæ.

"Мах цæттæ стæм бадзырдтæ ауадзын, уымæн æмæ уый у иунæг фæндаг кæрæдзиæмбарынадмæ æрцæуынæн. Ӕххæстгæнæн органтæ кусынц Кокойты Эдуарды фарсхæцджытимæ. Ӕнæдызæрдыг дæн, ацы куысты рæстæджы уый бамбардзæн, æнæзаконон архæйдтытæ кæй сты æнæруадзгæ, йæ фарсхæцджытæ та нал фæлвардзысты уавæр карздæр кæнын ныр, нæ ахастытæ Уæрæсеимæ ахæм бæрзонд уавæрмæ куы схызтысты, уӕд", — загъта Тыбылты Леонид.

Ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ референдум Хуссар Ирыстоны уагъд ӕрцӕудзысты 9 апрелы. ЦӔК президенттæм кандидаттæй срегистраци кодта архайгæ президент Тыбылты Леонид, парламенты спикер Бибылты Анатолий æмæ ПӔК-ы кусæг Гаглойты Аланы.

Ног хабӕртты лентӕ
0