Хуссар Ир нæ уынаффæ кæны йæ территорийыл уæргъты транзиты фарстыл

© Sputnik / Владимир Иванов /  Ахизын медиабанкмæРокский тоннель
Рокский тоннель - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны къухдариуæгадмæ ахæм фарстимæ ничи æрбахатыд

ЦХИНВАЛ, 24 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны территорийы уылты уæргъты транзиты фадатыл кой дæр нæй, загъта президент Тыбылты Леонид.

Официальный представитель министерства иностранных дел России Мария Захарова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсе рӕстагыл нымайы Хуссар Иры позици йӕ территорийыл транзиты фӕдыл

Уый банысан кодта, кæй зоны УФ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕдивӕг, статс-секретарь Григорий Карасин ӕмӕ Гуырдзыстоны премьер-министры сӕрмагонд минӕвар Зураб Абашидзейы фембæлды тыххæй, кæцыйы рæстæджы фарсытæ æруынаффæ кодтой Сомихстонæй Уæрæсемæ уæргътæ ласыны фарстыл.

Президент банысан кодта, Хуссар Ирыстоны ацы фарст кæй у теоретикон æмæ йыл уынаффæ нæ цæуы.

"Ис зæгъæн æмæ фарстыл уынаффæ кæндзыстæм? Нæйы, нæ кæндзыстæм. Уымæн æмæ нæдæр Сомихстонæй, нæдæр Уæрæсейæ махмæ ничи æрбахатыд", — загъта Тыбылты Леонид.

Ног хабӕртты лентӕ
0