Уæлдæр тæрхондон не ′сразы Бибылты Анатолийы домæнимæ

© Sputnik / Наталья АйриянВерховный суд
Верховный суд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президенттæм кандидат Бибылты Анатолий марты райдианы бадæтта домæн Уæлдæр тæрхондонмæ Цæгат Ирыстоны уæлæмхас æвзарæн фадыджы æрбайгомы тыххæй ЦӔК-ы скъуыддзаджы ныхмæ

ЦХИНВАЛ, 27 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæлдæр тæрхондон къуырисæры рахаста уынаффæ, цы ран уый не ′сразы Бибылты Анатолийы домæнимæ ЦӔК-ы ныхмæ, кæцы Цæгат Ирыстоны æрбайгом кодта æртыккаг æвзарæн фадыг, дзырдæуы республикæйы Уæлдæр Тæрхондоны сайтыл.

Выборы в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕртыккаг фадыг Цӕгат Иры: законы фехӕлд ӕви ӕвзарӕджы бартӕ

Хуссар Ирыстоны ЦӔК марты фыццаг декадæйы райста скъуыддзаг Цæгат Ирыстоны æрбайгом кæнын уæлæмхас (æртыккаг) æвзарæн фадыг РХИ ном раивыны фæдыл референдум æмæ президентон æвзæрстыты фæдыл. Бибылты Анатолий банымадта, ацы уынаффæ кæй у æнæзаконон æмæ бахаста йæ хъаст уæлдæр тæрхондонмæ.

27 марты тæрхондонон рабадты рæстæджы тæрхонджыты скондæй коллеги аиуварс кодта Бибылты Анатолийы административон хъаст.

Тæрхондоны уынаффæйы ныхмæ хъаст ахæссæн ис Хуссар Ирыстоны УТ Кассацион коллегимæ.

Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстытæ æмæ референдум нысан æрцыдысты 9 апрельмæ. ЦӔК президенты бынатмæ кандидаттæй срегистраци кодта архайгæ президент Тыбылты Леониды, парламенты спикер Бибылты Анатолийы æмæ ПӔК кусæг Гаглойты Аланы.

Ног хабӕртты лентӕ
0