Белорусæгтæ куыд кæнынц Минскы æцæг ирон уæлибыхтæ

Рафыссын
Хæринаггæнджытæ æрцыдысты Беларусмæ æмæ æрдæг аз ахуыр кодтой сæ коллегæты Минскы, куыд хъæуы цæттæ кæнын гахæ æмæ хыссæ. Кæсут видеомæ, куд арæзт цæуы кулинарон шедевр.

Минскы кафетæй иуы кæнынц æцæг ион уæлибыхтæ. Ацы дæсниадыл сæ цайдагъ кодтой бындурон ирæттæ. Хæринаггæнджытæ æрцыдысты Беларусмæ æмæ æрдæг аз ахуыр кодтой сæ коллегæты Минскы, куыд хъæуы цæттæ кæнын гахæ æмæ хыссæ.

"Хуымæтæг адджын чъириты ис æртын, науæд та дыууын фондз проценты бæрц гахæ. Ирон уæлибыхты та — растдæр æмбис, уый у сæйраг домæн", — радзырдта Sputnik Беларусь Sputnik кафе L'Абрусы шеф-повар Александр Витько.

Фæлæ ахæм чъири хæдзары æнæ сæрмагонд пецæй сфыцын нæ рауайдзæн. Хæринаггæнæг радзырдта, æнæ сæрмагонд пецы уæлибых кæй рауайдзæн æрдæгфых. Минскы æрмæстдæр дыууæ уагдоны кæнынц æцæг ирон уæлибыхтæ æмæ L'Абрусы басастысты, уый кæй у иттæг хорз альтернативæ пиццайæн. Уыимæ иумæ ма гахæйæн ис равзарæн — стуры дзидза, хуыйы дзидза, цыхт къæдоримæ (кафейы директорæн йæхи рецепт, ирæттæ сæхæдæг æрмæст цыхт кæнынц), афтæ ма фæткъуы насимæ мархо чи дары, уыдонæн.

Уæлибыхтæм кафемæ цыдысты бындурон ирæттæ дæр — кусджытæ радзырдтой, сæ зæрдæмæ иу кæй фæцыд, æмæ кæд ирæтты зæрдæмæ фæцыд, уæд белорусæгтæн ис фадат Ирыстоны националон къæбиц ацаходын Минскы уæвгæйæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0