"Айзæлд" бацахста фыццаг бынат Санкт-Петербурджы фестивалы

© Архивное фотоХор и оркестр народных инструментов Айзалд
Хор и оркестр народных инструментов Айзалд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Адæмон инструментты оркестрты фестиваль-конкурс уагъд цæуы æрвылаз дæр, ирыстойнаг коллектив дзы хайад райста фыццаг хатт

ЦХИНВАЛ, 28 мар — Sputnik. Адæмон инструментты хуссарирыстойнаг оркестр "Айзæлд" ссис VIII Ӕппæтуæрæсейаг фестиваль-конкурс "Территория музыки — без границ"-ы уæлахиздзау, фехъусын кодта Sputnik оркестры аивадон къухдариуæггæнæг Уалыты Нина.

Фестиваль ацыд Санкт-Петербурджы 25-28 марты. Ӕдæппæт дзы хайад райстой 11 коллективы.

"Нæ оркестр ис "уæлæрвты" фырцинæй, махæн тынг æхсызгон у ахæм конкурсы хайадист, уæлдайдæр та дзы уæлахиздзаутæй кæй ссистæм. Ахæм æнтысты æнхъæл нæ уыдыстæм. Ныртæккæ мах уæлахизимæ раздæхæм Цхинвалмæ", — загъта Уалыты Нина.

Питераг аивадуарзæг адӕм, йӕ ныхæстæм гæсгæ, райгондæй баззад оркестры номырæй. "Уыдон никуы фехъуыстой уырыссаг адæмон инструменттыл æххæст ирон националон уацмыстæ".

© Sputnik / Нина Валиева"Айзæлд" бацахста фыццаг бынат Санкт-Петербурджы фестивалы
Айзæлд бацахста фыццаг бынат Санкт-Петербурджы фестивалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
"Айзæлд" бацахста фыццаг бынат Санкт-Петербурджы фестивалы
© Sputnik / Нина Валиева"Айзæлд" бацахста фыццаг бынат Санкт-Петербурджы фестивалы
Айзæлд бацахста фыццаг бынат Санкт-Петербурджы фестивалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
"Айзæлд" бацахста фыццаг бынат Санкт-Петербурджы фестивалы
1/2
"Айзæлд" бацахста фыццаг бынат Санкт-Петербурджы фестивалы
2/2
"Айзæлд" бацахста фыццаг бынат Санкт-Петербурджы фестивалы

Уалыты Нина банысан кодта, ацы фестивалмæ оркестр "Айзæлд" кæй бацыд тынг бæрнонæй, репетици кодтой æрвылбон дæр.

"Территория музыки — без границ" — адæмон инструменттыл аивадон сфæлдыстады фестиваль-конкурс. Гран-прийы хицæуттæ æмæ лауреаттæ райсынц призон бонустæ (уый нымæцы æндæр фестивальты хайадисты фæдыл æнæаргъ бынæттæ науæд та сфæлдыстадон турнетæ), кæцытæн ис æмгъуыд дыууæ азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0