Тыбылты Леонидæн радтой РЦИ-Аланийы уæлдæр хорзæх "Во Славу Осетии"

© Пресс-служба президентаНаграждение Л.Тибилова
Награждение Л.Тибилова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыбылты Леонидæн хорзæх æрæрвыста Цæгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав

ЦХИНВАЛ, 28 мар — Sputnik. Президент Тыбылты Леонидæн йæ райгуырæн боны раттой Цæгат Ирыстоны уæлдæр паддзахадон хорзæх "Во Славу Осетии", хъусын кæны президент æмæ хицауады пресс-службæ.

Президент Южной Осетии Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæрæсейы президент æмæ премьер раарфæ кодтой Тыбылты Леонидæн йæ юбилейы цытæн

Тыбылты Леонид дыццæджы йæхимæ райста цæгатирыстойнаг делегацийы РЦИ-Аланийы сæргълæууæджы администрацийы къухдариуæггæнæг Чилæхсаты Рустемы сæргълæудæй. Битарты Вячеславы номæй уый раарфæ кодта Тыбылты Леонидæн йæ 65 азы юбилейы цытæн.

"Ды Дæ цард снывонд кодтай республикæйы райрæзты хъуыддагæн. Мах Дæ зонæм Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæргълæууæгæй, хъуыды кæнæм Де ′стыр куыст гуырдзиаг агрессийы рæстæджы бадзырдон процессы. Уынæм, цы стыр куыст бакодтай ацы фондз азы мидæг, республикæйы президент уæвгæйæ. Бантыст дын адæмы æрбангом кæнын, Дæ къухты бафтыд стабилондзинад", — загъта Рустем.

Уый банысан кодта, æввахс рæстæджы Хуссар Ирыстоны территорийыл уагъд кæй æрцæудзысты президетон æвзæрстытæ, цы ран райсдзысты хайад Цæгат Ирыстоны территорийыл цæрæг хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæ.

Чилæхсаты Рустем фидарæй загъта, Цæгат Ирыстоны хицæуттæ кæй сараздзысты æппæт дæр, цæмæй æвзæрстон прецесс республикæйы ацæуа закондæттынадмæ гæсгæ.

Политики и артисты поздравили Леонида Тибилова с юбилеем - Sputnik Хуссар Ирыстон
Политиктæ æмæ артисттæ раарфæ кодтой Тыбылты Леонидæн йæ юбилейы цытæн

"Цæгат Ирыстоны цæрджытæй хъæлæсы бар кæмæн ис, уыдонæн арæзт æрцæудзысты æппæт уавæртæ дæр", — загъта Чилæхсаты Рустем.

Йæ цæст Тыбылты Леонидæн бауарзта æнтыстытæ æвзæрстыты рæстæджы æмæ равдыста ныфс, Хуссар Ирыстоны адæм кæй сараздзысты раст равзæрст.

Тыбылты Леонид загъта бузныг Чилæхсаты Рустемæн, йæ архайдæн ын ахæм бæрзонд аргъ кæй кæнынц æмæ хъарм арфæйы ныхæсты тыххæй.

Уый ма арвыста бузныджы ныхæстæ Битарты Вячеслав æмæ Цæгат Ирыстоны цæрджытæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0