Тыбылты Леонид: Уæрæсеимæ æфсæддон разыдзинад бафысдзыстӕм цыппæрæмы

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæРоссийская военная база в Цхинвале
Российская военная база в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бадзырд бафысдзысты Мæскуыйы, документыл сæ къухтæ бафысдзысты Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министртæ

ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik. Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстон бафысдзысты бадзырд æфсæддон къабазы, кæцымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæ ист цæудзысты УФ Гарзджын тыхты скондмæ, фехъусын кодта дыццæджы президент Тыбылты Леонид æмбæстæгтимæ фембæлды рæстæджы.

Президент РФ Владимир Путин и президент Южной Осетии Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
УФ ӕмӕ РХИ президенттӕ ӕрдзурдзысты ӕфсӕддон бадзырд ӕмӕ мыздтӕ фӕфылдӕр кӕныныл

Разыдзинад бафыст æрцæудзæн цыппæрæмы Мæскуыйы, фехъусын кодтой Sputnik президенты пресс-службæ.

"Бадзырд бафыст æрцæудзæн Мæскуыйы, документыл сæ къухтæ бафысдзысты Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министртæ Сергей Шойгу æмæ Гассеты Ибрагим", — загъта Тыбылты Леонид.

Раздæр Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг фехъусын кодта, æдасдзинады фæдыл уæлæмхас бадзырдмæ гæсгæ 150 хуссарирыстойнаг службæгæнæджы рахиздзысты службæмæ Уæрæсейы Газджын тыхты рæнхъытæм.

"РХИ Гарзджын тыхты хицӕн дӕлхайадты УФ-йы Гарзджын тыхты скондмӕ бацыды фæдыл бадзырды реализаци ахъаз уыдзæн Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынад фæфидардæр кæнынӕн. Не ‘фсæддонтæ адарддæр кæндзысты сæ службæ хæссын республикæйы территорийыл, фæлæ Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады 4-æм гвардион базæйы сконды", — банысан кодта президент.

Ног хабӕртты лентӕ
0