Компани "Растдоны" фыдызгъæлы завод Цхинвалы йæхи цæттæ кæны официалон æрбайгоммæ, кæцы ацæудзæн ацы майрæмбоны. Дзидзайы деликатесты фыццаг парти та Хуссар Ирыстоны цæрджытæн уыдзæн фадат ацаходын ацы аз апрелы.
Компани "Евродон"-ы ("Растдон" — агрохолдингы куыстуæттæй иу) генералон директор Уанеты Вадимы ныхæстæм гæсгæ, ног куыстуаты хъомысад сифтонг кæндзæн æрмæст республикæйы бынæттон базарад нæ, фæлæ ма Уæрæсейаг горæттæ дæр.
Иу сменæмæ заводы уадздзысты 2,5 тонны фыдызгъæлы продукци, Ростовы областы "Евродон"-ы сæйраг заводы уыцы рæстæгмæ уагъд цæуы 500 тон продукци. Кæд Хуссар Ирыстоны цы куыстуат ис, уый у чысыл у, уæддæр ифтонг у ныррыккон ифтонггарзæй.
Компанийы раззагондæр технолог Евгения Хлопкова бынаты æргом кæны ног специалисттæн дæсниады сусæгдзинæдтæ. Уый у æнæдызæрдыг, хæрзад къалбас — æнæ ГМО æмæ сойæйæ, сыгъдæг дзидзайæ, ахæм продукци уадзы агрохолдинг — æлхæныны фадат уыдзæн Хуссар Ирыстоны фæлхасгæнджытæн.