ЦХИНВАЛ, 30 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъæды хæдзарады управлени байуæрста мин талабæласæй фылдæр республикæйы цӕрджытыл. Тулдзытæ æмæ сусхъæдтæ сагъд цæуынц горæты æмæ районты административон æмæ ахуырадон уагæдтты кæртыты, уынгты, радзырдта Sputnik уагдоны хистæр Чилæхсаты Таймураз.
Горæты уынгты цы бæлæстæ ис, уыдонæй чи базæронд, кæцыдæртæн та сæ уидæгтæ хъыгдард æрцыдысты дӕлзӕххон коммуникацитӕ ивыны рæстæджы, уымæ гæсгæ дзы хъæуы ног талатæ ныссадзын. Стæй ма горæты ног микрорайонтæ дæр сты быгъдæг æнæзайæгхалӕй.
"Ӕмткæй иу минæй фылдæр тулдз æмæ сусхъæды тала æрластам Цæгат Иры хъæды хæдзарадæй, уыдон нын ныридӕгӕн фесты уæрст. Садзынц сæ скъолаты, административон бæстыхæйтты æмæ хисæрмагонд хæдзæртты кæртыты, куыд Цхинвалы, афтæ районты дæр", — радзырдта Чилæхсаты Таймураз.
Ныр та сæм, йӕ ныхæстæм гæсгæ, рады лæууынц нæзы æмæ бæрзбæлæсты талатæ.
"Нæхи таладонæй скъахдзыстæм 500 бæрзбæласы æмæ сæ апарахат кӕндзыстӕм горæты. Стæй ма фæнд кæнæм æрласын нæзыбæласы 3 мин талайы æмæ лæбырынæй тæссаг цы бынæттæ сты, уым ныккалдзыстӕм нæзыйы хъæдтæ", — бафтыдта йæ ныхæстæм уый.
Афтӕ ма Хуссар Ирыстоны хъæды хæдзарады управлени ныфс дæтты, сӕ таладонæй дыууæ азы æмгъуыдмæ кæй райсдзысты нæзы, æнгуз, кæрз æмæ æндæр бæлӕсты талатæ.