ЦХИНВАЛ, 31 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе бафыстой майрæмбоны бадзырд æфсæддон къабазы, кæцымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæ ист цæудзысты УФ Гарзджын тыхты скондмæ. Документыл сæ къухтæ бафыстой Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министртæ Сергей Шойгу æмæ Гассеты Ибрагим, хъусын кæны РИА Новости.
Шойгу фехъусын кодта, абон бафыст кæй æрцæудзысты дыууæ документы.
"Фыццаг — Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты дæлхайæдты бацыд УФ Гарзджын тыхты дæлбармæ, афтæ ма хъахъхъæнынады министрады хаххыл фельдъегерон службæты архайды фæдыл", — загъта уый.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн æмгуыстад, куыд раздæр, афтæ у Кавказы стабилондзинады фактортæй иу.
"Иумæйагæй махæн ис рагон ахастытæ", — загъта Шойгу разыдзинад бафыссыны церемонийы.
Уый зæрдыл æрлæууын кодта, Уæрæсе кæй аздæхта æппæт тыхтæ, цæмæй бахъахъхъæна Хуссар Ирыстоны сабырад æмæ иууыл фыццаг банымадта республикæйы хæдбардзинад.
"Уый размæ, 1992 азæй фæстæмæ Уæрæсе алыхатдæр уыд уæ фарсмæ — Хуссар Ирыстонмæ фидауынгæнæг тыхтæ баконд куы рцыдыты, уæдæй фæстæмæ. Бирæ æзты дæргъы ам хъахъхъæд цыд сабырад", — банысан кодта уæрæсейаг министр.
Гассеты Ибрагим загъта бузныг Уæрæсе æмæ йæ Гарзджын тыхтæн Хуссар Ирыстонæн бакæнгæ æххуысы æмæ Хуссар Ирыстоны стабилондзинад æмæ сабырад бахъахъхъæныны тыххæй.
"Уæрæсейы фæрцы мах абон цæрæм сабыр цардæй æмæ аразæм нæ фидæн", — банысан кодта уый.