ЦХИНВАЛ, 3 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент бамбарын кодта термин "æвзарæг". Амæй размæ ахæм курдиатимæ закондæттæн органмæ бахатыд Централон æвзарæн къамис.
Республикæйы хуыцаубоны хъуамæ уагъд æрцæуой президентон æвзæрстытæ æмæ Хуссар Ирыстоны ном аивыны фæдыл референдум. ЦӔК президенты бынатмæ кандидаттæй срегистраци кодта архайгæ президент Тыбылты Леониды, парламенты спикер Бибылты Анатолийы æмæ ПӔК-ы кусæг Гаглойты Аланы.
Парламенты скъуыддзагмæ гæсгæ, "æвзарæг" у: æрд, расæ, наци, æвзаг, исадон æмæ кусæгон уавæрмæ, цæрæн бынат, дин, æхæснадон баиугæндты уæвынадмæ æнæкæсгæйæ Республикæ Хуссар Ирыстоны архайынхъом æмбæстаг, кæцыйыл сæххæст 18 аз, кæцы никуы бадт ахæстоны æмæ йæ цæрæн бынат ис (иудадзыг кæнæ рæстæгмæ) æвзæстон фадыджы арæнты — уымæн æмæ уый у сæйраг домæн, цæмæй РХИ æмбæстаг конкретон æвзарæн фадыджы æвзарджыты æмæ референдумы хайадисджыты номхыгъдмæ хаст æрцæуа.
Парламенты тæрхонмæ гæсгæ ма РХИ территорийæн æддейæ чи цæры æмæ дæргъвæтин фæсарæйнаг командировкæты чи ис, уыцы æвзарджыты, референдумы хайадисджыты срегистраци кæныны тыххæй бындур у уыдоны иудадзыг цæрæн бынат фæсарæйнаг бæстæйы территорийыл, науæд та дæргъвæтин фæсарæйнаг командировкæты уæвынад.
Уымæ гæсгæ, æвзарæг у Республикæ Хуссар Ирыстоны архайынхъом æмбæстаг, кæцыйыл сæххæст 18 азы, тæрхондоны скъуыддзагмæ кæцы никуы бадт ахæстоны æмæ кæцы у регистраци æвзарæн фадыджы арæнты.
Банхъаргæ æмбарынадимæ сразы ис парламенты сессийы хайад чи райста, уыцы депутатты фылдæр хай.