ЦХИНВАЛ, 4 апр — Sputnik, Козаты Диана. Цхинвайлаг боксертæ райдайдзысты тренировкæтæ кæнын сывæллæтты спортивон скъолайы сцалцæггонд залы Хуссар Ирыстоны столицæйы, загъта Sputnik тренер Чехойты Алан.
Нырма уал боксертæ тренировкæ кæнынц 3-æм скъолайы залтæй иуы. Тренеры ныхæстæм гæсгæ, агъуыст ахæм тренировкæтæн нæ бæззы, фæлæ æндæр уавæр нæй. Тренер æмæ спортсменты сæйраг проблемæ уыд, ринг сын кӕй нӕ уыд, уый.
"Ӕхсæз азы куыстам æнæ рингæй, зын у сывæллæтты ахæм уавæрты тренировкæ кæнын. Ног залы уыдзæн аы æнæмæнгхъæуæг фадат дæр — ринг, цыппар "груша"-йы æмæ систы базтæ. Зал чысыл у, уымæ гæсгæ дзы нæй фадат бирæ цыдæртæ æрæвæрынӕн", — загъта Чехойты Алан.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зал бирæ рæстæг уыд æнæбæзгæ тренировкæтæн, уыд дзы уымæл, уымæ гæсгæ дзы алцыдæр бахъуыд ногæй аразын. Спортскъолайы директор Бибылты Руслан дæр сарæзта спортсменты къух æмæ аскъуыддзаг кодта рахицæн кæнын бæстыхай боксы залæн.
Тренер йæ хъомылгæнинæгтимæ цы цалцæггæнæн куыстытæ уагъта залы, уыдон кæронмæ нæма бахæццæ сты, хъæуы нырма дæр пол бамбæрзын. Финансон æххуыс боксертæн бакодта президент Тыбылты Леонид.
"Фæрæзтæ нын рахицæн кодтой æрдæг азы размæ, фæлæ ифтонггарз мах рафыстам æндæр æмæ æндæр горæттæй. Кæцыддæр хæйттæ-иу нын æрæрвыстой ивддзагæй, ногæй та иу сæ арвыстам æмæ уый та домдта бирæ рæстæг", — банысан кодта Чехойты Алан.
Чехойты Алан нымад цæуы Хуссар Ирыстоны хуыздæр тренертæй иуыл. Уый у "æхсæнадæмон классы спорты дæсныйы" номы хицау. Чехойты Алан йæхæдæг у Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт тренер Сланты Виталийы хъомылгӕнинаг.
Йæ тренерон архайды цыбыр æмгъуыдмæ йæ хъомылгæнинæгтæн сæ къухы бафтыд æнтыстытæ алыгъуызон æмвæзадыл ерысты.