Хуссар Иры æвзæрстыты фæтк хъахъхъæндзæн МХМ-ы хисæрмагонд сконд иууылдæр

© Sputnik / Михаил ХасиевЦхинвальские улицы
Цхинвальские улицы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыхон структурæтæ райсдзысты сæ хъахъхъæнынадмæ æвзарæн фадгуытæ, патруль кæндзысты Цхинвал æмæ районты хъæутæ, ифтонг кæндзысты фæндагон æдасдзинад

ЦХИНВАЛ, 4 апр — Sputnik, Козаты Диана. Президентон æвзæрстытæ æмæ референдумы боны æхсæнадон фæтк ифтонг кæндзæн Хуссар Ирыстоны МХМ хисæрмагонд сконд æнæхъæнæй, загъта Sputnik ведомствæйы пресс-службæйы минæвар Чехойты Александр.

Ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ референдум Хуссар Ирыстоны уагъд ӕрцӕудзысты 9 апрелы. ЦӔК президенттæм кандидаттæй срегистраци кодта архайгæ президент Тыбылты Леонид, парламенты спикер Бибылты Анатолий æмæ ПӔК-ы кусæг Гаглойты Аланы.

"МХМ-ы кусджытæ службæ хæссынц фæтыхджындæргонд режимы, цæмæй иуварс кæной цыфæнды провокаци дæр æмæ ма руадзой æхсæнадон фæткы фехæлд. Ӕвзæрстыты фæтк хъахъхъæндзæн ведомствæйы хисæрмагонд сконд, МХМ-ы дæлхайадтæ иууылдæр", — загъта Чехойты Александр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æвзарæн фадгуытæ хъахъхъæнынæй дарддæр ма барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ патруль кæндзысты Цхинвал æмæ районты хъæутæ, ифтонг кæндзысты фæндагон æдасдзинад.

Брифинг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Генпрокуратурæ, МХМ æмæ ПӔК-мæ катайдзинад æвзæрын кæны уавæр Хуссар Ирыстоны

Ӕвзарæн кампанийы райдианимæ сæрмагонд режимы службæ хæсдзысты Паддзахадон æдасдзинады комитеты кусджытæ дæр. Ведомствæйы цур арæзт æрцыд штаб тыхон структурæты минæвæртты скондæй, кæцы æрæмбырд вæййы къуыри иу хатт, загъта амæй размæ Sputnik ПӔК-ы сæргълæууæг Виктор Шаргаев.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, оперативон штабыл æвæрд сты ЦӔК-ы сæргълæууæджы сæрмагонд æдасдзинад сифтонг кæныны, фæсарæйнаг цæстдарджыты физикон æдасдзинад, ЦӔК-ы бæстыхай, æвзарæн фадгуытæ, афтæ ма æвзарæн бюллетенты æдасдзинад сифтонг кæныны фæдыл хæслæвæрдтæ.

Фæтыхджындæр уыдзæн Паддзахадон арæнты хъахъхъæнынады режим. Ацы хæслæвæрдтæ сæххæст кæныны тыххæй рæвдз æрцыд УФ ӔФС Арæнгæрон службæ æмæ Хъахъхæнынады министрады 4-æм æфсæддон базæимæ æмгуыстад.

Ног хабӕртты лентӕ
0