ЦХИНВАЛ, 4 апр — Sputnik, Сабеты Аланæ. Петербургаг метройы срæмыгъды рæстæджы зианбаййафæг Хаситы Виталий ис реанимацийы. Дохтыртæ йын йæ уавæрæн аргъ кæнынц куыд уæззау, фæлæ стабилон.
"Знон йæ уавæр уыд æвзæрдæр. Абон Виталийæн йæ бон у ныхас кæнын. Срæмыгъды рæстæджы уый райста сыгъдтæ, йæ сæры магъз фенкъуыст. Райсом ын йæ баст раивтой", — загъта Sputnik Виталийы æмкъай Хаситы Инга.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, йæ цардæмбал уыд, срæмыгъд цы вагоны æрцыд, уым. Уый уыцы рæстæджы хъуамæ ма уыдаид метройы, уымæн æмæ йын ис хисæрмагонд транспорт.
Виталий хъуамæ райстаид цавæрдæр документтæ æмæ рæстæджы экономийы тыххæй аскъуыддзаг кодта дæлзæхх транспортæй спайда кæнын.
Хаситы Виталий у Хуссар Ирыстоны Къостайы хъæуæй (Цъунар) ацæугæ. Уый йæ бинонтимæ 20 азæй фылдæр цæры Санкт-Петербурджы.
Къуырисæры, 14.30 мск сахатмæ æввахс петербургаг метройы "Сенная площадь" æмæ "Технологический институт-2" станцты æхсæн æрцыд срæмыгъд.
Фехъусындæуыд 14 фæмардуæвæг æмæ 50 зианбаййафæджы тыххæй. Слестгæнæн комитет ацы фыдракæндæн саргъ кодта куыд теракт.