Хуссар Ирыстон æрæхгæндзæн Гуырдзыстонимæ арæн æвзæрстыты рæстæгмæ

© Sputnik / Наталья АйриянГраница
Граница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арæн æрæхгæндзысты Хуссар Ирыстоны референдум æмæ президентон æвзæрстыты рæстæджы æдасдзинад сифтонг кæныны нысанæн, банысан кодтой ПӔК-ы

ЦХИНВАЛ, 5 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæн Гуырдзыстонимæ æхгæд уыдзæн æртæ боны дæргъы президентон æвзæрстыты тыххæй, загътой Sputnik Паддзахадон æдасдзинады комитеты пресс-службæйы.

Хуссар Ирыстоны президенты æвзæрстытæ ацæудзысты 9 апрелы. Уыцы бон ма уагъд æрцæудзæн референдум республикæйы ном раивыны фæдыл.

"Президентон æвзæрстытæ ауадзыны рæстæгмæ æдасдзинады мадзæлттæ фæкарздæр кæныны нысанæн, 7 апрелæй 20:00 сахатæй 10 апрелы онг æхгæд æрцæудзæн Гуырдзыстонимæ паддзахадон арæныл æмбæстæгты уадзæн пункт", — загътой ПӔК-ы.

Пресс-службæйы ма бафтыдтой, уадзæн пункттæ æрвыбонон режимы кæй скусдзысты 10 апрелы 20:00 сахатыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0