Агурджытæ ссардтой рагон алайнаг ингæн Эльхоты дуæртты цур

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæПоисковая экспедиция, архивное фото
Поисковая экспедиция, архивное фото - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бынатмæ æрбацыдысты археологтæ, уыдон нымадмæ гæсгæ, ныгæдыл иууыл къаддæрæй цæуы 2 мин азы

ЦХИНВАЛ, 5 апр — Sputnik. Рагон алайнаг ингæн ссардтой Цæгат Ирыстоны Эльхоты дуæртты цур, археологтæ дзурынц, ныгæдыл иууыл къаддæрæй кæй цæуы 2 мин азы, хъусын кæны республикон МХМ.

Ныгæд ссардтой агурджытæ, кæцыты акци "Вахта памяти" ауадзынмæ æрхуыдта РЦИ-Аланийы МХМ-ы сæргълæууæг Михаил Скоков.

Цӕгат Ирыстоны археологтӕ ссардтой сӕрмӕттаг зӕппадзтӕ

"Сахаты æмгъуыдмæ Эльхоты дуæртты цурмæ æрбатындзыдтой археологтæ, кæцытæ æрæмбырд кодтой æрмæг дарддæры иртæстты тыххæй. Ссарæггагыл иууыл къаддæрæй цæуы 2 мин азы, ис гæнæн æмæ у алайнаг культурæйы хай. Полицийы кусджытæ райстой арæхстджын мадзæлттæ — снысан кодтой координатæтæ, райстой мадзæлттæ дарддæры иртæстыты тыххæй ныгæд бахъахъхъæныны нысанæн", — фехъусын кодтой МХМ-ы.

Уæрæх агурæн операци "Вахта памяти" Цæгат Ирыстоны уагъд цæуы ныр дыккаг къуыри. Эльхоты дуæртты районмæ, цы ран 1942 азы цыд тугкалгæ тохтæ, æрцыдысты агурæн къордтæ æппæт Уæрæсейæ, афтæ ма Республикæ Казахстанæй.

Агурæн экспедици адарддæр уыдзæн 7 апрелы онг, уæдмæ волонтертæ агурдзысты советтон æфсæддонты мард буары хæйттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0