ЦХИНВАЛ, 6 апр — Sputnik. Равдыст "Паддзахад Алани æвзонг нывгæнджыты цæстæнгасæй" бакæндзысты 7 апрелы Цхинвалы, фехъусын кодтой Sputnik культурӕйы министрады.
Мадзал нывонд у Ирыстоны историон ном Алани раздахыны фæдыл референдумæн, равӕрдзысты дзы ӕхсæз æвзонг хуссарирыстойнаг нывгæнæджы куыстытӕ.
"Республикӕйы æвзонг нывгæнджытæ — Кæсæбиты Андрей, Кокойты Мария, Саулохты Георгий, Дзигойты Карина, Хъотайты Ирина æмæ Дзæгъиаты Альбинайы куыстытæ рахæсдзысты равдыстмæ. Аивады æрыгон минӕвӕртты куыстытæй равдыстмæ æвзæрст æрцыдысты аланты истори ӕвдисӕг нывтӕ", — радзырдта министрады пресс-секретарь Остъаты Мӕдинӕ.
Экспозици байгом уыдзӕн культурæйы министрады хъæппæрисæй ПККЗ "Чермен"-ы 7 апрелы 13:00 сахатыл. Куыстытæн фенæн уыдзæн суанг 25 апрельмæ.