ЦХИНВАЛ, 7 апр — Sputnik. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты Ирайнаг культурæйы центры æрбайгом сты персайнаг æвзаджы курсытæ, хъусын кæны уæлдæр ахуырадон уагдоны пресс-службӕ.
Фарси ахуыр кæныны фадат ис алкæмæн дæр — курсытæ сты æнæаргъ. Ахуыр уадздзæн специалист Иранæй — Алламе Табатабаийы персайнаг æвзаг æмæ литературæйы Университеты (Иран) ахуыргæнæг, филологон зонæдты доктор Мохаммад-Мехди Замани.
Ӕвзаджы курсытæ уагъд цæудзысты дыууæ мæйы мидæг. Хъусджыты райстой æртæ къордмæ, кæцытæ сты æмбæлон æвзагзонынады æмвæзадæн (райдиан, астæуккаг æмæ размæцыд). Курсытæ каст фæуыны фæстæ ахуыргæнинæгтæн лæвæрд æрцæудзысты сертификаттæ. Ног ахуыры азы курсытæ адарддæр уыдзысты Иранæй ахуыргæнджыты хайадистæй. Ахуыры курсмæ гæсгæ ма уыдон ацæудзысты цыбырæмгъуыдон стажировкæ Алламе Табатабаийы номыл Тегеранаг университеты.
"Нæ хъусджыты мах ахуыр кæндзыстæм фæрсын, фыссын. Курсыты кæроны ахиздзыстæм литературæмæ. Серьезондæр ахаст кæмæн ис æвзагмæ, уыдон æрвыст æрцæудзысты Тегеранмæ. Уый уыдзæн культурон-ахуырадон балц æмæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны курсытæ", — фехъусын кодта Мохаммад-Мехди Замани.
Университеты пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй курсты æрбайгомы фадат фæзынд Хетæгкаты Къостайы номыл ЦИПУ æмæ Алламе Табатабаийы номыл Тегеранаг университеты æхсæн æмгуыстады фæдыл бадзырд бафыссыны фæрцы.
Ивгъуыд азы кæрон цæгатирыстойнаг уæлдæр ахуырадон уагдоны делегаци ректоры х. æ. Огойты Аланы сæргълæудæй бабæрæг кодтой социалон æмæ гуманитарон зонæдты къабазы Ираны ацы егъау университет. Визиты фæлгæтты уагъд æрцыд фембæлд ирайнаг университеты къухдариуæгадимæ, кӕцыйы рæстæджы фарсытæ бафыстгонд бадзырды фæлгæтты бадзырдтой кæрæдзийæн пайда æмгуыстад кæнын.