ЦХИНВАЛ, 9 апр — Sputnik. Республикæйы президенттæм кандидат Гаглойты Алан схъæлæс кодта хуыцаубоны æвзæрстыты, Цхинвал "Мæскуыйаг" микрорайоны æвзарæн фадыджы.
Уый банысан кодта, хæларадон уавæр фæзуатыл æмæ фидарæй загъта, кæй нæ фæсайдзæн адæмы æууæнк.
"Алцыдæр цæуы иттæг хорз. Иууылдæр сты сæ бынæтты. Уавæр у хæларадон, ис сын бæрæгбонон зæрдæйы уаг. Нæ адæмæн мæ зæрдæ зæгъы æнтыстытæ. Кæд æмæ мыл адæм баууæндой, уæд сæ нæ фæсайдзæн",- загъта Гаглойты Алан. Бюллетень урнайы æвæргæйæ.
Паддзахады уæлдæр постмæ ис æртæ претенденты —архайгæ президент Тыбылты Леонид, парламенты спикер Бибылты Анатолий æмæ ПӔК-ы кусæг Гаглойты Алан.
Хъæлæскæнынад адарддæр уыдзæн 20:00 сахатмæ бынæттон рæстæгæй (кæцы мæскуыйагимæ у иугъуызон).
Хуссар Ирыстоны хъæлæскæнынадмæ сæ хъус дарынц 80 цæстдарæджы Уæрæсе, ДАР, ЛАР, Хæххон Карабах, Днестргæрон республикӕ ӕмӕ Цæгат Ирыстонæй.
Ӕвзæрстытæ æрцæудзысты нымад, регистрацигонд æвзарджытæы æрбацыд 50%-æй къаддæр куы нæ уа, уæд.