ФХМ-ы сæргълæууæг: хъæлæскæнынад цæуы РХИ закондæттынадмæ гæсгæ

© Sputnik / Ада БагианПолпред президента по посткофликтному урегулированию Мурат Джиоев
Полпред президента по посткофликтному урегулированию Мурат Джиоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхсæнадæмон цæстдарджыты æрбацыд фидар кæны Хуссар Ирыстоны æвзæрстыты демократондзинад, загъта ФХМ-ы сæргълæууæг Джиоты Мурæт.

ЦХИНВАЛ, 9 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хъӕлӕсӕппӕрст президентон ӕвзӕрстыты ӕмӕ Хуссар Ирыстоны историон ном раздахыны фӕдыл референдумы цӕуы æвзæрстон закондæттынадмæ гæсгæ, загъта журналисттæн Хуссар Ирыстоны ФХМ-ы сæргълæууæг Джиоты Мурæт.

Избирательный участок в мкр. Московский - Sputnik Хуссар Ирыстон
МХМ: ӕвзӕрстытӕ Хуссар Ирыстоны цӕуынц сабырӕй

Хуссар Ирыстоны уагъд цæуынц æвзæрстытæ президенты равзæрсты æмæ республикæйы ном Паддзахад Аланимæ раивыны референдумы фæдыл. Паддзахады уæлдæр постмæ ис æртæ претенденты —архайгæ президент Тыбылты Леонид, парламенты спикер Бибылты Анатолий æмæ ПӔК-ы кусæг Гаглойты Алан.

"Хуссар Ирыстоны хъæлæскæнынадмæ сæ хъус дарынц 80 æхсæнадæмон цæстдарæгæй фылдæр дунейы æхсæз бæстæйæ. Уый ноджыдæр бæлвырд кæны не ‘взæрстыты демократондзинад", — загъта Джиоты Мурæт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый ма у æвдисæн уымæн, Хуссар Ирыстон кæй у æргом паддзахад, цы ран хъахъхъæд цæуынц адæймаджы бартæ.

"Мах цæттæ стæм æмгуыст кæнынмӕ алы паддзахадимæ дæр, нæ бартæн нын чи цыт кæны æмæ кæй фæнды уынын, Хуссар Ирыстон кæй у нырыккон демократон бæстæ", — загъта ФХМ-сæргълæууæг.

Хъæлæскæнынад райдыдта 8.00 сахатыл æмæ адарддæр уыдзæн 20.00 схатмæ. Æвзарджытæн фадат ис схъæлæс кæнын 77 æвзарæн фадыгыл, кæцытæ æрбайгом сты Хуссар Ирыстоны, Цæгат Ирыстоны. Мæскуы æмæ Сухумы.

Ног хабӕртты лентӕ
0