ЦХИНВАЛ, 9 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны æвзæрстыты æмæ референдумы цыдыл чи бандæвдаит,ахæм фæткхалыны цаутæ нысангонд не ′рцыдысты, загъта журналисттæн ЦӔК-ы сæргълæууæг Плиты Белла.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, æвзæрстытæ цæуынц сабыр уавæры, алы фадыгыл дæр ис æвзарджыты бæрзонд активондзинад.
Ӕвзарджытæн ма уыд фадат спайда кæнын æмгъуыдæй раздæр схъæлæскæныны процедурæйæ, банысан кодта ЦӔК-ы сæргълæууæг.
"Ӕмгъуыдæй раздæр хъæлæскæнынады процедурæйæ спайда гæнæн уыд хъæлæскæнынады бонæй фондз бон раздæр территориалон фадгуытыл æмæ æртæ бон раздæр та фадыгон æвзарæн къамисты. Ацы фадатæй спайда кодтой æрмæстдæр æртæ æвзарæджы", — загъта Плиты Белла.
ЦӔК-ы пресс-центры ма уагъд æрцыд бастдзинад цалдæр æвзарæн фадыгмæ, кæцытæ сарæзтой хыгъд хъæлæскæнынады фæдыл.
Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр постмӕ тырнынц ӕртӕ кандидаты — архайгӕ президент Тыбылты Леонид, парламенты спикер Бибылты Анатолий ӕмӕ ПӔК-ы кусӕг Гаглойты Алан.
Президентон æвзæрстытæ æмæ республикæйы ном раивыны фæдыл референдум уагъд цæуынц 77 æвзарæн фадыджы. Уыдонæй 72 æрбайгом Хуссар Ирыстоны территорийыл, æртæ — Цæгат Ирыстоны, фæйнæ иу та — Мæскуы æмæ Сухумы минæварадты.
Ӕвзæрстытæ æрцæудзысты нымад, регистрацигонд æвзарджыты æрбацыд 50%-æй къаддæр куы нæ уа, уæд.