Плиты Белла: бюллетентæ куыннæ сфаг уой, уæд æвзарджытæй хатыр ракурдзыстæм

© Sputnik / Наталья АйриянВыборы
Выборы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕвзарджыты Цæгат Ирыстоны активондзинад гæнæн ис æмæ ʻркæна бюллетеньы хъуагдзинадмæ

ЦХИНВАЛ, 9 апр — Sputnik, Козаты Диана, Биазырты Дзерассæ. Цæгат Ирыстоны хъæлæскæныны бюллетентæ гæнæн ис ма сфаг ой, фехъусын кодта ЦӔК сæргълæууæг Плиты Белла.

"Цæгат Ирыстоны хъæлæскæнынад цæуы активонæй, кæд бюллетентæ не ʻсфаг ой, уæд хъæлæсæппæрст фæуыдзæн, æвзарджытæй та ракурдзыстæм хатыртæ", — загъта Белла.

Цæгат Ирыстоны æртæ æвзарæн фадыгмæ арвыстой 6 мин бюллетень. Боны æмбисмæ уым схъæлæс кодта 3 мин æвзарæджы. Консул Санахъоты Морисы хъуыдымæ гæсгæ, бюллетентæ хъуамæ сфаг уой.

Таймæзты Артур - Sputnik Хуссар Ирыстон
Таймæзты Артур: Цæгат Ирыстоны хъуыд фылдæр фадгуытæ æрбайгом кæнын

"Ацы сахатмæ бæрæггæнæнтæм æмæ æппæт æвзарæн фадгуытæй информацимæ гæсгæ, бюллетентæ хъуамæ сфаг ой", — загъта Морис.

"Ӕрæрвыстой 6 000 бюллетены, фæйнæ 2 мины алкæцы фадыгæн дæр. Бюллетенты бæрц сфидар кодта ЦӔК. ЦӔК хуыздæр зоны уавæр, бындуриуæгад кодта амæй размæ æвзæрстыты бæрæггæнæнтыл", — баххах кодта Консул.

Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр постмӕ тырнынц ӕртӕ кандидаты — архайгӕ президент Тыбылты Леонид, парламенты спикер Бибылты Анатолий ӕмӕ ПӔК-ы кусӕг Гаглойты Алан.

Президентон æвзæрстытæ æмæ республикæйы ном раивыны фæдыл референдум уагъд цæуынц 77 æвзарæн фадыджы. Уыдонæй 72 æрбайгом Хуссар Ирыстоны территорийыл, æртæ — Цæгат Ирыстоны, фæйнæ иу та — Мæскуы æмæ Сухумы минæварадты.

Ног хабӕртты лентӕ
0