ЦӔК: Хуссар Ирыстоны æвзæрстытæ нымад æрцыдысты

© Sputnik / Наталья АйриянВыборы
Выборы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Централон æвзарæн къамисы сæргълæууæг Плиты Белла фехъусын кодта, æвзæрстытæ нымад кæй æрцыдысты – æрбацыд ахызт 50-процентон арæны сæрты

ЦХИНВАЛ, 9 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны æвзæрстытæ нымад æрцыдысты, æвзарæн фадгуытæм æрбацыдысты хъæлæс кæнын бар цы æмбæстæгтæн ис, уыцы æвзарджыты æмбис, фехъусын кодта журналисттæн ЦӔК-ы сæргълæууæг Плиты Белла.

Хуссар Ирыстоны уагъд цæуынц президенты æвзæрстытæ æмæ республикæйы ном Паддзахад Аланимæ раивыны фæдыл референдум.

"Ӕвзæрстытæ уагъд æрцыдысты, схъæлæс кодтой æвзарджыты 52,79%", — загъта Плиты Белла.

Президентон æвзæрстытæ æмæ республикæйы ном раивыны фæдыл референдум уагъд цæуынц 77 æвзарæн фадыджы. Уыдонæй 72 æрбайгом Хуссар Ирыстоны территорийыл, æртæ — Цæгат Ирыстоны, фæйнæ иу та — Мæскуы æмæ Сухумы минæварадты.

Æрбацыды арæн у 50% æмæ ма иу хъæлæс. Уæлахизы тыххæй кандидаты хъæуы райсын хъæлæсты 50%-æй фылдæр. Хъæлæскæнынад адарддæр уыдзæн 20:00 сахаты онг. Хъæлæскæныны бар ис 18 азы кæуыл сæххæст, уыцы æмбæстæгтæн. ЦӔК-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æвзæрстыты хайад райсдзысты 32 736 æвзарæджы.

Хуссар Ирыстоны хъæлæскæнынадмæ сæ хъус дарынц 80 цæстдарæджы Уæрæсе, ДАР, ЛАР, Хæххон Карабах, Днестргæрон республикӕ ӕмӕ Цæгат Ирыстонæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0