ЦХИНВАЛ, 11 апр — Sputnik. Ӕдасдзинады федералон службæйы директор Александр Бортников фехъусын кодта, питераг метройы теракты фæдыл ахст кæй æрцыдысты аст террористы, хъусын кæны РИА Новости.
"Оперативон-агурæн æмæ слестгæнæн мадзæлтты рæстæджы ахст æрцыдысты сусæг террористон чырты уæнгтæ астæй, кæцытæй æхсæз уыдысты Санкт-Петербурджы, дыууæ та Мæскуыйы, иууылдæр сты Централон Азийæ рацæугæтæ", — загъта Бортников.
ӔФС-йы директор банысан кодта, зæгъгæ, питераг метройы теракт уыд æвдисæн уымæн, антитерроры фæдыл куыст УФ-йы æххæст дзуапп кæй нæ дæтты уæвгæ тасæн.
"Байст æрцыд бирæ нымæц хæцæнгарз æмæ хæстæрмæджытæ. Агуырдмæ лæвæрд æрцыдысты æрганизатортæ æмæ æмдзæхдонтæ (кæд уыдысты)", — загъта уый.
3 апрелы, 14.30 мск сахатмæ æввахс петербургаг метройы "Сенная площадь" æмæ "Технологический институт-2" станцты æхсæн æрцыд срæмыгъд. Официалон æгъдауæй фехъусын кодтой 10 фæмардуæвæг æмæ 37 цæфы тыххæй. Слестгæнæн комитет ацы фыдракæндæн саргъ кодта куыд теракт.