ЦХИНВАЛ, 11 апр — Sputnik, Болататы Алина. Вокзалмæ æрæмбырд сты скъоладзаутæ, фææсивæдон организацитæ, афтæ ма ветерантæ æмæ Цæгат Ирыстоны хицауады минæвæрттæ, хъусын кæны Sputnik уацхæссæг. Легендарон поезд фенынмæ ма æрбацыдысты ныййарджытæ сæ чысыл сабитимæ.
Поезд арæзт æрцыд Стыр Фыдыбæстæйон Хæсты рæстæджы историкон вагонæй. Уый ласынц дыууæ паровозы: сæ иу арæзт æрцыд 1935 азы æмæ лæггад кодта фронтмæ æввахс фадгуытæн Сталинграды, дыккаг та службæмæ райстой хæсты фæстæ — 1947 азы.
Æрæмбырдуæвджытæн сфæлдыстадон коллективтæ бацæттæ кодтой театралон равдыст, афтæ ма Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азтæн нывонд концертон программæ. Ралæуды рæстæджы артисттыл уыд историкон костюмтæ — æфсæнвæндагон æмæ æфсæддон азты дарæс.
"Нæ поезд сæрæй кæронмæ у æмбæлон Стыр Фыдыбæстæйон хæсты дугæн. Йе 'ддаг бакаст дæр дзуапп дæтты уыцы эпохæйæн: фыстытæ иууылдæр, шрифт арæзт æрцыд архивон къамтæм гæсгæ. Паровоз "Эр739-99" хайад иста Сталинграды сæрыл тохы, уый нæ музей сцалцæг кодта 2015 азы. Куы йæ реставраци кодтам, уæд ыл уыд нæмгуытæ æмæ хæстæрмæджыты фæдтæ", — радзырдта Цæгат-Кавказаг æфсæнвæндаджы музейы директор Владимир Бураков.
Поезд "Уæлахиз" ацы аз æвдæм хатт ацыд балцы. Ретро-поезд ныридæгæн уыд Махачкала, Грозный, Прохладный æмæ Назраны. Дзæуджыхъæуæй уый акæндзæн йæ фæндаг Нальчик, Пятигорск æмæ Черкесскмæ.