00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Ирон эфир
08:00
3 Мин
Ирон эфир
08:30
3 Мин
Ирон эфир
08:33
27 Мин
Ирон эфир
09:00
3 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
Главыне темы
12:03
3 Мин
On air
12:16
14 Мин
Главыне темы
12:30
3 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
В центре событий
17:45
14 Мин
Ирон эфир
Новости
08:00
3 Мин
Ирон эфир
Æрæджы Екатеринбургы кæронмæ бахæццæ Фæсивæды æппæтдунеон фестиваль
08:03
27 Мин
Ирон эфир
Новости
08:30
3 Мин
Ирон эфир
Рубрикæтæ "Спорт" æмæ "Иронау æй зæгъ"
08:33
27 Мин
Главные темы
Новости
09:00
3 Мин
Утро на Спутнике
Империя без окраин: как суровый климат и общие границы сформировали русскую государственность
09:08
27 Мин
Утро на Спутнике
Ищенко: Трамп делит Гренландию, Европа готовится к ядерной войне, Украину ждет тяжелая зима
09:37
26 Мин
Утро на Спутнике
Что ждет Южную Осетию с новым главой государства
12:05
0 Мин
О главном на Спутнике
Как уберечься от сезонных простуд
12:35
9 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Турчы фæзынд "Беслæны зæдты къох"

© FacebookТурчы фæзынд "Беслæны зæдты къох"
Турчы фæзынд Беслæны зæдты къох - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхсæнад "Алан" æмæ æртæ туркаг ирон хъæутæ - Боялык, Карабаджак æмæ Пойразлыйы цæрджытæ ныссагътой 186 талабæласы Беслӕны теракты фӕмардуӕвджыты номарынӕн

ЦХИНВАЛ, 11 апр — Sputnik. Турчы цæрæг ирæтты культурон-хæрзаудæн фонд "Alan Vakfi"-ы минӕвӕрттӕ ныссагътой Турчы 186 талабæласы Беслæны фыццæгæм скъолайы теракты амæттæгты номыл ӕмӕ йӕ схуыдтой "Беслæны зæдты къох", фехъуын кодта Facebook-ы йӕ фарсыл ӕхсæнады сæрдар Хъуысаты Садреттин.

Коцты Ацæмæз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Коцты Ацæмæз туркаг ирæтты, Анкарайы Уастырджийы кувæндон ӕмӕ йӕ чындзӕхсӕвы тыххӕй

Уый банысан кодта, ацы къох æмæ йæ бæлæстæ æнусты дæргъы кӕй хæсдзысты Беслӕны бабынуӕвӕг сывæллæтты рухс ном.

"Турчы цæрæг ирæтты æхсæнады архайджытæ къуыри раздæр балцы уыдысты нæхи ирон хъæутæ Боялык, Карабаджак ӕмӕ Пойразлыйы. Нæ балцы сæйрагдæр хъуыды уыд, сæ царды уалдзæджы чи амард Беслæны теракты, уыцы сывæллæтты нæмттæ рох ма уой. Уымæн сарæзтам Беслӕны сывæллæтты къох. Бæлæсты талатæ ныссадзыныл архайдтам хъæуты цæрджытимæ иумæ, арфæ æмæ бузныг сын зæгъæм", — загъта Хъуысаты Садреттин.

© FacebookТурчы фæзынд "Беслæны зæдты къох"
Турчы фæзынд Беслæны зæдты къох - Sputnik Хуссар Ирыстон
Турчы фæзынд "Беслæны зæдты къох"

Уый ма банысан кодта, Беслæны трагедийы амæттæгтæ кæй уыдысты æппæт ирон адæмы хъæбултæ æмæ Турчы цӕрӕг ирӕттӕн уымæн стыр у сæ хъыг.

"Хъыг нын уыди. Беслæны сывæллæттæ мах сывæллæттæ уыдысты. Уыдысты алы мыггагæй дæр. Уыйас бирæ сты æмæ нымайын дæр зын у. Сӕ номыл къох кæй сарæзтам, уымæй та тынг бузныг стæм æхсæнад "Алан"-ы администрацийы кусджытæ æмæ æртæ ирон хъæуы цæрджытæй. Дарддæр æндæр иумæйаг проекттыл дæр хъуыды кæндзыстæм", — дзуры йæ фысты ӕхсæнады сæрдар.

Йæ хъусинаджы ма Хъуысаты Садреттин бахахх кодта, ацы ӕвзонг къох нырӕй фӕстӕмӕ кӕй суыдзӕн 1-3 сентябры Беслӕны сывæллæтты рухс нӕмттӕ мысыны бынат.

Ног хабӕртты лентӕ
0