Хаджимбайы цæст Бибылты Анатолийæн бауарзта æнтыстытæ президенты бынаты

© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæПрезидент Абхазии Рауль Хаджимба.
Президент Абхазии Рауль Хаджимба. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абхазы президенты ныфс ис Хуссар Ирыстонимæ ахастытæ сфидардæр кæнынæй

ЦХИНВАЛ, 11 апр — Sputnik. Абхазы президент Рауль Хаджимба раарфæ кодта Бибылты Анатолийæн Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстыты фæуæлахизы фæдыл.

"Абхазы цæрджытæн тынг хъарм ахаст ис уæ республикæмæ. Ныфс мæ ис, иумæйаг тыхтæй мах кæй сифтонг кæндзыстæм нæ бæстæты æхсæн дарддæры æнтыстджын размæцыд цæрджыты хæрзиуæгæн, афтæ ма регионалон стабилондзинад æмæ æдасдзинад æрфидар кæныны интересты", — дзырдæуы абхазаг президенты арфæйы телы.

Рауль Хаджимба равдыста ныфс, Бибылты Анатолийы къухдариуæгадæй дыууæ республикты æхсæн бастдзинæдтæ дарддæр дæр фидар æмæ уæрæх кæй кæндзысты.

Президент РФ В. Путин посетил торжественный вечер, посвящённый Дню войск Росгвардии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Путин раарфæ кодта Бибылты Анатолийæн æвзæрстыты фæуæлахизы тыххæй

"Зæрдиагæй мæ фæнды зæгъын Дæуæн, Анатолий Ильяйы фырт, фидар æнæниздзинад, дидинæфтыд æмæ æнтыстытæ дæ разы лæууæг хæстæ ‘ххæст кæныны хъуыддаджы ахæм бæрнон бынаты", — банысан кодта Хаджимба.

Хуыцаубоны Хуссар Ирыстоны уагъд цыдысты президентон ӕвзæрстытӕ æмæ республикæйы ном Паддзахад Аланимæ раивыны фæдыл референдум. Хуссар Ирыстоны

Централон æвзарæн къамисы развæлгъау бæрæггæнæнтӕм гӕсгӕ, ӕвзарджыты 57,9% хъӕлӕстимӕ рамбылдта Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0