ЦӔК: Бибылты Анатолийæн схъæлæс кодтой æвзарджыты 55%

© Sputnik / Наталья АйриянВыборы
Выборы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æппæт ӕвзарӕн фадгуытӕй дӕр бюллетенты банымайыны фæстæ ЦӔК фехъусын кодта президентон æвзæрстыты æмæ республикæйы ном Аланимæ раивыны фæдыл референдумы фæстиуджытæ

ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны центрæвзаркъам скодта развæлгъау хатдзæгтæ æппæт æвзарæн фадгуыты бюллетентæ банымайыны фæстæ. Парламенты спикер Бибылты Анатолий фыццаг туры рамбылдта æвзæрстытæ хъӕлӕсты 54,8% райсгæйæ, загътой ЦӔК.

Анатолий Бибилов: эйфории от победы нет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий: уæлахизæй мын эйфори нæй

Президенты инаугураци нысан æрцыд 22 апрельмæ.

Хуссар Ирыстоны ном Аланимæ раивыны фæдыл та схъæлæс кодтой æвзарджыты 80%, йæ ныхмæ та 20%.

Хуыцаубоны Хуссар Ирыстоны ацыдысты президентон æвзæрстытæ æмæ республикæйы ном Аланимæ раивыны фæдыл референдум.

Æдæппæтæй æвзæрстыты бакодтой 77 æвзарæн фадыджы, уыдонæй фондз УФ территорийыл. Фæуæлахаиз уæвынæн кандидаты хъуыд райсын 50% чысыл фылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0