Тыбылты Леонид загъта бузныг йæ фарсхæцджытæн

© Sputnik / Сергей Гунеев /  Ахизын медиабанкмæПрезидент Южной Осетии Леонид Тибилов
Президент Южной Осетии Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Архайгæ президент йе ‘взæрстагъоммæ штабы уæнгтимæ фембæлды рæстæджы банысан кодта, кæй цыт кæны адæмы равзæрстæн æмæ "нывæнды дарддæр дæр цæрын республикæйы"

ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik. Республикæ Хуссар Ирыстоны архайгæ президент Тыбылты Леонид æртыццæджы æрæмбырд кодта йе ‘взæрстагъоммæ штабы минæвæртты æмæ сын загъта бузныг сæ куысты тыххæй, фехъусын кодта Тыбылты Леониды пресс-секретарь Гана Яновская.

Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид: уый у адæмы равзæрст

Хуыцаубоны Хуссар Ирыстоны ацыдысты президентон æвзæрстытæ, цы ран, ЦӔК-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæуæлахиз Бибылты Анатолий, Тыбылты Леонид та бацахста дыккаг бынат.

"Бузныг, цы куыст бакодтат, уый тыххӕй, кæй мыл æууæндыдыстут æмæ мæ фарсмæ кæй æрбалæууыдыстут. Ӕцæгæйдæр нын бирæ бантыст саразын. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдис нын нывæзттæ дæр, нырма бирæ цыдæртæ хъуыд саразын", — фехъусын кодта Тыбылты Леониды ныхæстæ йæ пресс-секретарь.

Президент бафтыдта, "адæм кæй сарæзтой сæ равзæрст, уый та цыт кæны адæмы равзæрстæн ӕмӕ дзырд куыд лæвæрдта баззайдзæн цæрынмӕ республикæйы".

Ног хабӕртты лентӕ
0