ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik. Хуссарирыстойнаг спортсмен Джиголаты Сæрмæт ссис æрыгæтты хсæн Уæрæсейы фыццагады уæлахиздзау уæззау атлетикæйæ, фехъусын кодта РХИ спорты скъолайы уæззау атлетикæйы тренер Тасойты Олег.
"Сæрмæты къухы бафтыд стыр æнтыст — дыууӕ фæткмæ гæсгæ систа138 æмæ 170 кг уæз, иумӕйаг хатдзæгмæ гæсгæ 308 кг. Ныр уый, куыд Уæрæсейы фыццагады уæлахиздзау, афтæ архайдзæн дунейы чемпионаты, кӕцы уагъд цӕудзӕн Японийы июны", — загъта тренер.
Джиголаты Сæрмæт райгуырд Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Дменисы хъæуы, у ХИПУ физикон культурæйы факультеты студент. Йæ спортивон карьерӕ райдыта 2000 æзты Цхинвалы спорты скъолайы Кæсæбиты Инал æмæ Тасойты Олегы дæлбар. Цыппар азы размæ уый бацыд Цæгат Ирыстоны командæйы скондмæ æмæ уым адарддæр кодта йæ спортивон уæлахизтæ. Ныридæгæн Сӕрмӕты цæттæ кæны цæгатирыстойнаг тренер Ӕлборты Олег.