Хуссар Ирыстоны æртыццæджы изæры банысан кодтой рагфыдӕлтӕй баззайгӕ бӕрӕгбон — Артгæнæнтæ.
Ирон адæмы фыдӕлты рагзамантæй фӕстӕмӕ уырныдта, артгæнæнты зынджы кӕй басудзынц фыдбылызтæ æмæ низтæ, уый тыххæй иу Куадзӕны размӕ Ӕртыццӕджы ӕхсӕв банысан кодтой Артгӕнӕнтӕ.
Фыдæлты æгъдау абон чысыл фæцудыдта, ныр мадзал организаци кӕнын сӕхимӕ райстой сывӕллӕттӕ. Къӕцӕлтӕ ӕмӕ сыфтӕрты баивтой хӕдтулгӕты цӕлхытӕ, кӕцыты сабитӕ къуыри раздӕр райдайынц ӕмбырд кӕнын.

1/11
© Sputnik / Наталья Айриян
Хуссар Ирыстоны æртыццæджы изæры банысан кодтой рагфыдӕлтӕй баззайгӕ бӕрӕгбон — Артгæнæнтæ

2/11
© Sputnik / Наталья Айриян
Куыд районты, афтӕ Цхинвалы дӕр стæм уынг аззад, кæцыйы не ʻсрухс кодта арты зынг

3/11
© Sputnik / Наталья Айриян
Цӕрджытӕ хистӕрӕй-кӕстӕрӕй рахызтысты ӕмӕ скодтой сӕ кӕртыты ӕртытӕ

4/11
© Sputnik / Наталья Айриян
Ирон адæмы раг замантæй уырныдта, артгæнæнты зынджы кӕй басудзынц фыдбылызтæ æмæ низтæ

5/11
© Sputnik / Наталья Айриян
Уый тыххæй æгъдау домдта æртæ гæппы арты сæрты акӕнын

6/11
© Sputnik / Наталья Айриян
Ӕртытӕ фӕкӕнынц нартхоры хӕлттӕ, бæлæсты сыфтæр, сӕнӕфсиры ӕхсӕдӕнтӕ, къæцæлтæ æмæ æндæр быронæй

7/11
© Sputnik / Наталья Айриян
Раздӕр арты сæрты гæппытӕ кӕныны ӕгъдау фылдӕр бӕрцӕй хауд хистӕр кары адӕммӕ

8/11
© Sputnik / Наталья Айриян
Сылгоймæгтæ уæд ацы мадзалы нæ архайдтой, ныр ахæм табу нал ис

9/11
© Sputnik / Наталья Айриян
Фыдæлты æгъдау абон чысыл фæцудыдта, ныр мадзал организаци кӕнын сӕхимӕ райстой сывӕллӕттӕ

10/11
© Sputnik / Наталья Айриян
Къӕцӕлтӕ ӕмӕ сыфтӕрты баивтой хӕдтулгӕты цӕлхытӕ, кӕцыты сабитӕ къуыри раздӕр райдайынц ӕмбырд кӕнын

11/11
© Sputnik / Наталья Айриян
Уыдон арӕх бахауынц хистӕрты уайдзӕфты бын — машинӕты цӕлхыты сыгъды тӕф цалдӕр боны нал фӕцӕуы уынгтӕй