Патриарх Кирилл раарфæ кодта Бибылты Анатолийæн æвзæрстыты фæуæлахизы цытæн

© Sputnik / Сергей Пятаков /  Ахизын медиабанкмæПатриарх Московский и всея Руси Кирилл
Патриарх Московский и всея Руси Кирилл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мæскуыйаг патриарх равдыста ныфс, Хуссар Ирыстоны ног президент Бибылты Анатолий æмбæлон хъусдард кæй аздахдзæн æмзæххонты монон тыхстдзинæдтæм

ЦХИНВАЛ, 14 апр — Sputnik. Мæскуыйы æмæ æппæт Уæрæсейы патриарх Кирилл раарфæ кодта Бибылты Анатолийæн Хуссар Иырстоны президенты бынатмæ равзæрсты фæдыл.

9 апрелы Хуссар Ирыстоны ацыдысты президентон æвзæрстытæ, кæцыты парламенты спикер Бибылты Анатолий фыццаг туры рамбылдта хъӕлӕсты 54,8% райсгæйæ.

Президент РФ В. Путин посетил торжественный вечер, посвящённый Дню войск Росгвардии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Путин раарфæ кодта Бибылты Анатолийæн æвзæрстыты фæуæлахизы тыххæй
"Зæрдæбын арфæ Дын кæнын, Республикæ Хуссар Ирыстоны президенты бынатмæ равзæрст кæй æрцыдтæ, уый фæдыл. Дæ раздæры архайдæй Ды балхæдтай адæмы зæрдæтæ, кæцы дыл баууæндыд бæстæйæн къухдариуæгад кæнын. Хуссар Ирыстоны цæрджытæ дæуыл æвæрынц сабыр царды, социалон æмæ экономикон райрæзты, культурон бынтæ æмæ националон традицитæ бахъахъхъæныны фæдыл сæ ныфсытæ", — дзырдæуы патриархы арфæйы телы.

Уый равдыста ныфс, Хуссар Ирыстоны ног президент Бибылты Анатолий æмбæлон хъусдард кæй аздахдзæн æмзæххонты монон тыхстдзинæдтæм.

"Мæ зæрдæ Дын зæгъы фидар æнæниздзинад, Хуыцауы æххуыс æмæ стыр æнтыстытæ ахæм бæрнон бынаты куысты, Хуссар Ирыстоны æппæт цæрджытæн та — сабырад æмæ дидинæфтыд", — дзырдæуы арфæйы ныхасы.

Ног хабӕртты лентӕ
0