Цæгат Ирыстоны сараздзысты ног хæххон-къахкъæлæттон туркомплекс

© Sputnik / Михаил ХасиевГорнолыжная трасса в Цее
Горнолыжная трасса в Цее - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Куыртатты комы туристон комплекс æмæ уазæгдоны арæзтады фæдыл инвестицион проект бахаст æрцыд Цæгат-Кавказаг федералон зылды райрæзты паддзахадон программæмæ 2025 азы онг

ЦХИНВАЛ, 14 апр — Sputnik. Ног туристон комплекс æмæ къахкъæлæттон трассæ сараздзысты Цæгат Ирыстоны Куыртатты комы, хъусын кæны РИА Новости.

Горнолыжная трасса в Цее - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Иры Цъæйы курорт суыдзæн зæрдæмæдзæугæдæр туристтæн

"Проекты реализацийы фыццаг этапыл (2017-2018 азтæ) арæзт æрцæудзæн 50 бынатæн уазæгдон. Йæ аргъ уыдзæн иу миллиард сомы бæрц. Йæ реализаци ратдзæн фадат туристты нымæц фæфылдæр кæнын 38, 6 мин адæймаджы онгмæ азы мидæг, фидгæ туристон лæггæдты гуырахст та — 133,7 милуан сомы фылдæр æрвылаз дæр", — дзырдæуы хъусинаджы.

Комплексы скусынимæ арæзт æрцæудзæн 116 кусæгон бынаты. Проект реализаци цæуы дыууæ этапæй. 2019 — 2021 азты эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн 1,5 км дæргъæн хæххон-къахкъæлæттон трассæ, йæ уадзæн фадæттæ уыдзысты 1,2 мин адæймаджы сахаты мидæг.

Туристон комплексы сконды уыдзысты ресторан, сæрдыгон кафе терассæимæ, конференц-зал, спа-салон, фæллуадуадзæн зонæ, сывæллæтты хатæн, терренкур фитобаримæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0