ЦХИНВАЛ, 14 апр — Sputnik, Болататы Алина. Цæгат Ирыстоны парламенты депутаттæ хорзыл банымадтой федералон законы проект, кæцы тобæ æвæры кальян, вейп æмæ электронон тамакоты æхсæнадон бынæтты парахат æмæ пайда кæныныл. Афтæ ма депутаттæ фæнд кæнынц æнахъомтæн ацы продукцийæ пайда кæнын ма уадзын.
Уымæй дарддæр ма законы проект тобæ кæны, тамако кæй сконды нæй, ахæм дымæн продукци дæр.
Амæй размæ ма æнæтамакойон продукци дымынæй бафæдзæхсыны хъуыдыйыл уынаффæ цыд Цæгат Ирыстоны. Йæ фыццаг æрвылазон ныстуаны Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав хорзыл банымадта фæсивæдон парламенты фæндон æхсæнадон бынæтты кальян дымыныл тобæ сывæрыны фæдыл.
"Уый мах культурæ нæу", — загъта йæ хъуыды РЦИ-А сæргълæууæг.
Фæстæдæр уый бузныджы ныхæстæ загъта ресторантæ æмæ кафеты хицæуттæн, сæ менютæй кальянтæ кæй айстой, уый тыххæй. Битарты Вячеслав банысан кодта, зæгъгæ, "адæм фæбузныг сты, уагдæтты фадат кæй ис хорз рæстæг арвитынæн, уый нымæцы сабитимæ дæр".