Ӕвзонг ленкгӕнджытӕ сӕ тыхтӕ бавзардзысты ерысты Цхинвалы

© Sputnik / Софа ИсаакянЧемпионат по плаванию Южная Осетия
Чемпионат по плаванию Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ленк кæнынæй ерыстæ Цхинвалы ацæудзысты ныр цыппæрæм хатт. Организаторты хъуыдымæ гæсгæ дзы архайдзæн 200 сывæллоны онг

ЦХИНВАЛ, 17 апр — Sputnik. Ленк кӕнынӕй ерыстӕ "День браса"-йы Спортивон галуан "Олимп"-ы хайад райсдзӕн 200 сывæллоны онг, фехъусын кодта Sputnik тренер Евгения Терлеева.

Чемпионат по плаванию Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ленк кӕнынӕй фыццаг турнир

Ленк кæныны спорт Хуссар Ирыстоны у иууыл æвзонгдæр. Секцитæ дзы фæзындысты, спортивон галуан "Олимп" эксплуатацимæ лæвæрд куы рцыд, уæдæй фæстæмæ.

"Ерысты ацӕудзысты 23 апрелы, архайдзысты сӕ 2003 — 2008 азы гуырд спортсментӕ. Æдæппæтæй турнир æрæмбырд кæндзæн 200 ленкгæнæджы. 21 майы та нæм æнхъæлмӕ кæсынц комплексон ерыстæ", — радзырдта тренер.

Уый ма банысан кодта, æрыгон ленкгæнджытæн бонæй-бонмӕ кæй бæрзонддæр кæны сæ цæттæдзинад.

"Зынгæ фæхуыздæр ис сæ архайд. Стыр у сæ тырнындзинад, стæй æмбарынц, уыдон кæй амайынц Хуссар Ирыстоны ленк кæныны истори, уый", — бафтыдта йæ ныхæстæм Терлеева.

Ног хабӕртты лентӕ
0