ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik. Футболон клуб ӔЦСК-ы æрдæгхъахъхъæнæг Зæгъойты Алан бацахста æвдæм бынат, УФ æмбырдгонды футболисттæй марты фæстиуджытæм гæсгæ иууыл арæхдæр кæй кой кодтой, уыцы рейтингы, хъусын кæны агентад "Р-Спорт".
Мыхуыры фæрæзы зонæнтæм гæсгæ, номхыгъды сæргъ лæууы Аланы æмклубон Игорь Акинфеев. Медиарейтингы дыккаг бынатыл ис мæскуыйаг "Спартак"-ы æрдæгхъахъхъæнæг Александр Самедов. Æмæ æртыккаг бынат та балхынцъ кодта "Краснодар"-ы размæбырсæг Федор Смолов.
Ӕххæстæй марты медиарейтингы фыццаг дæс бынаты сты:
1. Игорь Акинфеев (ӔЦСК, къулдуаргæс) — йæ медиандекс у 50 328,1;
2. Александр Самедов ("Спартак", æрдæгхъахъхъæнæг) — 49 807,0;
3. Федор Смолов ("Краснодар", размæбырсæг) — 48 659,1;
4. Денис Глушаков ("Спартак", æрдæгхъахъхъæнæг) — 45 048,2;
5. Александр Бухаров ("Ростов", размæбырсæг) — 44 114,0;
6. Алексей Миранчук ("Локомотив", æрдæгхъахъхъæнæг) — 36 562,0;
7. Зæгъойты Алан (ӔЦСК, æрдæгхъахъхъæнæг) — 27 773,4;
8. Марио Фернандес (ӔЦСК, хъахъхъæнæг) — 21 853,5;
9. Илья Кутепов ("Спартак", хъахъхъæнæг) — 18 881,0;
10. Юрий Жирков ("Зенит", æрдæгхъахъхъæнæг) — 18 742,0.